Тренеры хуызист: штангӕисӕг Плиты Артур æмæ йæ рекордсментӕ

© Sputnik / Наталья АйриянУæззау атлетикæ
Уæззау атлетикæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы Спорты скъолайы уæззау атлетикæйы секциты ис цъус фæсивæд, фӕлӕ се "нтыстытæ сты ахадгæ

ЦХИНВАЛ, 12 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Уæззау атлетикæйы тренер Плиты Артуры фараст азы дæргъы тренировкӕтæ æнæхъуаджы фесты, æвзонг лæппуйы фæндтыл кау ныффæлдæхта травмæ. Фӕлӕ Артур хъысмӕтӕн асӕттын нӕ бакуымдта æмæ йæ тых радта тренеры куыстмæ. Тренеры фыдæбон уæгъды нæ фæцис – йæ хъомылгæнинæгтæй иу бацыд Уæрæсейы олимпиаг резервы скъоламæ, аннæ та пауэрлифтингæй сæтты ног æмæ ног рекордтæ.

Плиты Артур ма скъолайы куы ахуыр кодта, уæдæй фæцахуыр уæззау атлетикæмæ. Лæппу уæзтæ исынмæ цæрдæг уыд, ӕнхъӕлмӕ йӕм каст стыр фидӕн. Фӕлӕ рацух ис йæ уарзон спортæй — уæрджыты травмæты аххосæй йӕ бахъуыд штангæ ныууадзын.

© Sputnik / Наталья АйриянУæззау атлетикæ
Тяжелая атлетика - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уæззау атлетикæ

Уæддæр йæ уарзон спортмӕ Артур фæстæмæ раздæхт цыппар азы фæстæ, уæд та тренерæй, ӕмӕ удуӕлдайӕ ӕрывнӕлдта сабиты цӕттӕ кӕнынмӕ.

Плиты Артур æмæ Габаты Ацæмæз иумæ кусынц тренертæй Спорты скъолайы. Сæ хъомылгæнинӕгтæ дыууæйæ — Джиоты Александр æмæ Икъаты Сæрмæт спорты ацы хуызы ныридӕгӕн скодтой сӕхицӕн стыр ном.

Фынддӕсаздзыд Джиоты Александр архайы 94 кг уæзы æмæ у Уæрæсейы фыццагады уæлахиздзау, ис олимпиаг скъолайы резервы сконды.

"Ныридæгæн уый ис сборты Ханты-Мансийскы. Уым æрæджы рамбылдта зылды ерыстæ, уый размæ та ссис Уæрæсейы фыццагады уæлахиздзау", — дзуры тренер.

Аннæ хъомылгæнинаг Икъаты Сæрмæты хæзнадон у ноджы хъæзныгдæр — дыууæ хатты рамбылдта дунейон ерыстæ, иу хатт Европæ æмæ æртæ хатты та Уæрæсейы чемпионат. 125 кг уæзы у ӕрыгӕтты хсæн дунейы рекорды хицау — дытохы систа 285 кг. Ныр та йæ ног нысан у юниорты хсӕн йе "нтыст сфæлхатт кæнын æмæ ам дæр дунейы рекорд саразын.

© Sputnik / Наталья АйриянУæззау атлетикæ
Тяжелая атлетика - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уæззау атлетикæ

Уый фæстæ та дыууӕ ӕрыгон спортсмен дӕр тырнынц æхсæнадæмон классы спорты мастеры ном райсынмӕ.

Тренировкæтæ цæуынц Спорты скъолайы уæззау атлетикæйы хатæны. Ӕнæцалцæг, тар къуымы мæгуырау бакастмæ ӕнæкæсгæйæ, æрвылбон тырнынц дунейон ерысты уæлахиздзаутæ æмæ дунейы рекордсментæ. Æнæхъæн секцийы дыууæ тренеры æвджид ис æрмæстдæр æртæ лæппуйы – Икъаты æфсымæртæ Сæрмæт æмæ Сослан æмæ чысыл Ричард. Джиоты лæппу та ныртӕккӕ цæттæ кæны Уæрæсейы.

"19 майы уыдзæн Уæрæсейы чемпионат, уырдæм цæттæ кæнынмæ здæхт у нæ архайд ныр. Тенировкӕтæ цæуынц фæтыхджындæргонд режиммæ гæсгæ — бон дыууæ тренировкæйы, ахæссынц цыппар сахаты бæрц. Хуыцауы фæрцы, Уæрæсейы чемпионат хъуамæ рамбулæм, уый нын дæтты балцæг Европæйы чемпионатмæ", — дзуры тренер.

Фæстаг бонты тренерты куыст здæхт у Сæрмæты ног ерыстæм фидарæй бакæнынмæ. Залы фыццаг бакастæй цæсты хауы Сæрмæт, уæйыджы ӕмсӕр лæппу кæсы тренерты сæрты, æнцонтæй фелвасы уæззау штангæтæ. Йӕ асмӕ æнæкӕсгæйæ, Сæрмæт у уисæнгæнаг лæппу, тренеры ныхæстæ æххæст кæны æвæстиатæй. 18 азæй фæстӕмæ уый рамбылдта 40 фыццаг бынаты хицæн æмвæзады ерсты. Нырма ӕрыгӕтты ʻхсæн Сӕрмӕты рекорд у æнæсаст, ныр та юниорты ʻхсæн æртæ хуыз ерысты хъавы сывæрын ног рекорд.

© Sputnik / Наталья АйриянУæззау атлетикæ
Тяжелая атлетика - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уæззау атлетикæ

"Ӕртæ хуызы ерысты дунейы рекорд у 740 килограммы. Хуыцауы фæрцы, ацы бæрæггæнæн мах хъуамæ фæхуыздæр кæнæм Уæрæсейы чемпионаты", — ныфс дæтты Сæрмæт.

Уæззау атлетикæйы секциты ис цъус фæсивæд, фӕлӕ се "нтыстытæ сты ахадгæ. Йæхи фæлтæрддзинадæй сисгæйæ, Артур тренеры куыст хоны бирæ зындæр.

"Стыр бæрндзинад ис тренерыл, сывæллон чысыл раст нӕ сисдзæн уæз æмæ цæрæнбонтæм травмæ райсдзæн. Куы сæ бауадзай, уæд сæ бон бирæ у сисын, фæлæ хорз хатдзæгæй сæйрагдæр у уыдон фыдбылызæй бахизын", — загъта Плиты Артур.

Тренер йæ дыууæ æнтыстджын хъомылгæнинагмæ æнхъæлмæ кæсы олимпиаг майдан æмæ ног рекордтæм.

"Джиоты Александры йæ спортивон фæндаг кæны олимпиаг майданмæ. Икъаты Сæрмæтæн басæттинаг ис ног рекордтæ æмæ "Арнольд классик"-ы турнир. Фæлæ уыдонимæ нырма хъæуы стыр куыст бакæнын", — балхынцъ кодта Артур.

© Sputnik / Наталья АйриянУæззау атлетикæ
Уæззау атлетикæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уæззау атлетикæ

Уæззау атлетикæйы скъолайæн Цхинвалы разамынад дæтты Советон Гуырдзыстоны бирæ хатты чемпион, æхсæнадæмон классы спорты мастер уæззау атлетикæйæ Тасойты Олег. Ерыстæм ацæуынæн спортсментæн æххуыс кæны Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитет.

Ног хабӕртты лентӕ
0