Цхинвайлаг гимнасткæтæ ссисты Ставрополы турниры призертæ

© Из личного архива Земы ЦховребовойГимнастки из Южной Осетии
Гимнастки из Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æрыгон хуссарирыстойнаг спортсменкæтæ райстой бронзæ эстетикон гимнастикæйæ ерысты

ЦХИНВАЛ, 16 апр — Sputnik, Уалыты Диана. Хуссарирыстойнаг спортсменкæты командæ "Ир-Олимп Валерия" хайад райста эстетикон гимнастикæйæ Ставрополаг крайы гом фыццагады, фехъусын кодта Sputnik Эстетикон æмæ аивадон гимнастикæйы федерацийы президент Цхуырбаты Зема.

"Фыццагады хайад райстой аст гимнасткæйы 8-10 азы кары, кæцытæ ерысты фæстиуджытæм гæсгæ бацахстой æртыккаг бынат. Командæйы тренер у Саулохты Наталья, хореограф та – Зассеты Элина. Командæ архайы нырма дыууæ азы æмæ чызджытæ сæхи равдыстой тынг хорз", — радзырдта уый.

Амæй размæ та æрыгон спортсменкæтæ хайад райстой фыццагады Краснодары, цы ран райстой бронзæ.

Гимнастикӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг гимнасткæтæ архайдзысты Цæгат Иры номæй уæрæсейаг ерысты

Цхуырбаты Зема банысан кодта, тренертæ активонæй кæй кусынц гимнасткæтимæ æмæ сæхи кæй цæттæ кæнынц радон ерыстæм.

"Ныртæккæ мах цæттæ кæнæм аивадон гимнастикæйæ ерыстæм, кæцытæ ацæудзысты Дзæуджыхъæуы. Ацы турниры æмвæзад у цалдæр хатты бæрзонддæр æмæ вазыгджындæр, дыууæ чызджы архайынц спорты мастертæм кандидаты программæмæ гæсгæ", — бафтыдта уый.

Гимнастикæйы федерацийы президент балхынцъ кодта, чызджыты къухты иу хаттæй иннæмæ кæй бафты фылдæр æнтыстытæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0