Цхинвайлаг каратисткæтæ ауагътой мастер-класстæ Дзæуджыхъæуы

© SputnikДонна Дудаева на тренировках
Донна Дудаева на тренировках - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ерысты фæлгæтты кæстæр фæлтæртæн тохы дæнцæг æвдыстой Дудайты Донна, Гаглойты Диана æмæ Тадтаты Софья

ЦХИНВАЛ, 25 апр — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Киокусинкай каратэйы федерацийы фæлтæрд хъомылгæнинæгтæ равдыстой мастер-класстæ, аннæтæ та стох кодтой ерыстæ "Кубок новичка"-йы призтыл Дзæуджыхъæуы, фехъусын кодта Sputnik федерацийы сæйраг тренер Созаты Владимир.

Цæгат Кавказы федералон зылды ерыстæ кекусин-кан каратейæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Радон уæлахиз: Дудайты Донна æмæ Тадтаты Софья рамбылдтой ЦКФЗ ерыстæ

Ерысты размæ ацыд дæнцон турнир "Мастер Класс", цыран цхинвайлаг спортсментæ равдыстой сæ арæхстдзинад. Кæстæр фæлтæртæн тохы дæнцæг æвдыстой Уæрæсейы 2017 азы чемпион Дудайты Донна, Уæрæсейы 2017 азы призер Гаглойты Диана æмæ ЦКФЗ ерысты уæлахиздзау Тадтаты Софья.

"Кæстæртæй рахицæн кæныны аккаг сты æмæ дарддæр ерысты дæр архайдзысты Темираты æфсымæртæ Къоста æмæ Хетæг, Мирзабеков Эльдар, Феронов Коля, Лалыты Джер, Клевцов Роман", — загъта тренер.

Уый ма банысан кодта, лæппутæй лæмæгъдæр кæй нæ уыдысты чызджытæ дæр — Гайты Анна равдыста йæхи æцæг тохгæнæгæй æмæ ссис уæлахиздзау. Уымæй дарддæр ма æнтыстджын тохтæ уыд Гæджиты Амага, Бабич Мария, Дзебойты Ленайæн.

Турнир "Кубок новичка" ацыд 22 апрелы Дзæуджыхъæуы, архайдтой дзы 47 æрыгон спортсмены 5-17 кары.

Ног хабӕртты лентӕ
0