Хуссар Иры президент ацӕудзӕн футболӕй дунейон чемпионаты бакондмӕ

© Sputnik / Наталья АйриянБибылты Анатолий
Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг республикӕйы сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий ацӕудзӕн ӕрмӕст чемпионаты бакондмӕ нӕ, фӕлӕ ма турниры финалон хъазтмӕ дӕр

ЦХИНВАЛ, 22 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ацӕудзӕн Уӕрӕсемӕ футболӕй дунейон чемпионаты бӕрӕгбонон баконд ӕмӕ финалон хъазтмӕ. Уый тыххӕй паддзахады сӕргълӕууӕг радзырдта йӕ интервьюйы портал "Известия"-йӕн.

"Ӕз фӕнд кӕнын ныццӕуын дунейон чемпионаты баконд, фыццаг хъазт ӕмӕ финалмӕ дӕр. Ӕз уарзын футбол ӕмӕ мын тынг ӕхсызгон у, чемпионат кӕй цӕуы Уӕрӕсейы. Фӕнд кӕнын ацӕуын ахӕм нысаниуӕгджын спортивон цаумӕ", — загъта президент.

Афтӕ ма Бибылты Анатолий банысан кодта, алыхатт дӕр кӕй хӕцы Уӕрӕсейы командӕйы ӕвварс ӕмӕ йын тынг ӕхсызгон у йе 'мбӕстӕгты командӕйы сконды, афтӕ ма Черчесты Станиславы та сӕйраг тренерӕй уынын.

Спортивон мадзал уагъд цӕудзӕн Уӕрӕсейы 14 июнӕй 15 июльмӕ. Хуссар Ирыстоны президент уыдзӕн цытджын уазджытӕй сӕ иу.

Чемпионат Уӕрӕсейы территорийыл уагъд цӕудзӕн 11 горӕты: Мӕскуы, Санкт-Петербург, Самара, Саранск, Ростов-на-Дону, Сочи, Казан, Калининград, Волгоград, Нижний Новгород ӕмӕ Екатиринбурджы.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0