Цхинвалы згъордӕй ӕртымбылгонд ӕхцатӕ ратдзысты рынчын лӕппуйӕн

© Sputnik / Наталья АйриянТатьяна Цхуырбаты
Татьяна Цхуырбаты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сывӕллӕтты фонд "Лӕвар базырты" сӕргълӕууӕг загъта бузныджы ныхӕстӕ хӕрзаудӕн згъорды организатортӕн ахӕм диссаджы мадзалы тыххӕй, кӕцы у нывонд Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны бонӕн

ЦХИНВАЛ, 22 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы хӕрзаудӕн згъорды фӕрцы цы ӕхцайы фӕрӕзтӕ ӕртымбыл кӕндзысты, уыдон ратдзысты 13-аздзыд лӕппуйӕн, фехъусын кодта Sputnik фонд "Лӕвар базырты" сӕргълӕууӕг Цхуырбаты Татьяна.

"Ацы чысыл лӕппуйы ӕвӕстиатӕй хъӕуы операци, цӕмӕй йын йӕ аппарат фӕивой ногыл, уый тыххӕй ӕмӕ куыд стыр кӕны, афтӕ йӕ цъӕл кӕны йӕ уӕзӕй. Ӕз ын йӕ мадӕн загътон, кӕй сын баххуыс кӕндзыстӕм ӕмӕ уый тынг фӕцин кодта", — радзырдта Цхуырбаты Татьяна.

Хӕрзаудӕн згъорд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Sputnik балӕууыд хӕрзаудӕн згъорд #RunTskhinval-ы фарс

Уый ма загъта бузныджы ныхӕстӕ ахӕм хорз хъуыдыйы тыххӕй хӕрзаудӕн згъорды организатортӕн — фитнес-клуб Pioner Fitness-ы разамонӕг Гаглойты Анна, фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты сӕргълӕууӕг Зассеты Сергей ӕмӕ информацион агентад Sputnik Хуссар Ирыстонӕн.

"Мӕнӕн тынг ӕхсызгон у, адӕмы зӕрдӕмӕ кӕй фӕцыд ахӕм мадзал, уый тыххӕй ӕмӕ сывӕллӕттӕ, кӕцытӕн хъӕуы баххуыс кӕнын, сты тынг бирӕ ӕмӕ мах хъуамӕ уа ныфс, кӕй сын баххуыс кӕндзысты. Мӕн уырны, алцыдӕр кӕй ацӕудзӕн иттӕг хорз ӕмӕ ахӕм згъордтӕ кӕй суыдзысты традици", — баххӕст кодта фонды хистӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0