Цхинвайлаг уæзисæг рамбылдта турнир "Янтарная штанга" Калининграды

© Sputnik / Плиты Артуры архивæй къамШтангист Джиоты Александр
Штангист Джиоты Александр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Джиоты Александр та расгуыхт дыууæ хуыз ерысты 258 кг сисгæйæ

ЦХИНВАЛ, 31 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны уæззау атлетикæйы скъолайы хъомылгæнинаг Джиоты Александр басаста йæ спортивон карьерæйы ног бæрзæнд — рамбылдта Ӕппæтуæрæсейон турнир "Янтарная штанга"-йы сыгъзæрин майдан Калининграды. Цхинвайлаг спортсмен разынд иууыл фидар æмæ фæразон штангист 105 кг уæзы, дыууæ хуыз ерысты 258 кг сисгæйæ, фехъусын кодта Sputnik йæ тренер Плиты Артур.

Ацы аз ма Джиоты Александр рамбылдта Уæрæсейы фыццагад 94+ кг уæзы æмæ Ханты-Мансийскы автономон зылд — Юграйы ерыстæ. Уæрæсейы куыд йæ кары æмæ уæзы иууыл æнтыстджындæр спортсмен, афтæ уый райстой олимпиаг резервы скъоламæ.

"Хорз бæрæггæнæнтæ равдыста ерысты. Дыууæ хуызы ерысты æмткæй систа 258 кг – 113 кг æмæ 145 кг. Ныридæгæн æрцыд Хуссар Ирыстонмæ æмæ нæм æнхъæлмæ кæсынц дыууæмæйон фæтыхджындæргонд тренировкæтæ – цæттæгæнæн процесс Европæйы фыццагадмæ. Уымæй дарддæр ма рацæудзæн рæвдзтæ Уæрæсейы æмæ "Европæ"-мæ ахиздзæн ног æнтысттæ равдисынмæ цæттæйæ", — загъта йæ тренер.

Уый ма радзырдта, сæ аннæ хъомылгæнинаг, Уæрæсе æмæ дунейы чемпион Икъаты Сæрмæт та йæхи кæй цæттæ кæны пауэрлифтингæй.

© Sputnik / Плиты Артуры архивæй къамИкъаты Сæрмæт
Икъаты Сæрмæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Икъаты Сæрмæт

"Сæрмæт æрæджы та радон хатт рамбылдта Уæрæсейы фыццагад æмæ ныр цæттæ кæнæм дунейон ерыстæм. Уым фадат уыдзæн уæззау атлетикæйы дунейы иууыл престижон дæр турнир "Арнольд классик"-мæ æвзæрст рацæуын æмæ нын уымæн у уæлдай ахсджийаг", — бафтыдта тренер.

Штангисттæ ерыстæм ацыдысты Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитет сæрдар Зассеты Сергей æмæ спорты хайды хистæр Касаты Ацæмæзы æмархайдæй, комитеты рахицæнгонд фæрæзтæй.

Спортсменты Цхинвалы цæттæ кæнынц тренертæ Плиты Артур, Габаты Ацæмæз, Уæрæсейы та тренер Наниты Алан. Уæззау атлетикæйы скъолайæн разамынад дæтты Тасойты Олег.

Ног хабӕртты лентӕ
0