Гобозты Валерийы турнир рабæрæг кодта тыхджындæр шахматистты

© Sputnik / Наталья АйриянШахматтæ
Шахматтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Скъоладзауты ʻхсæн уæлахизыл цин кодта Къæбулты Алан, хистæр кары спортсментæй та радон хатт тыхджындæр разынд Саулохты Георгий

ЦХИНВАЛ, 13 июн — Sputnik, Плиты Фатимæ. Спорты мастер, поэт, журналист Гобозты Валерийы III мемориал рабæрæг кодта республикæйы тыхджындæр шахматистты. Дыууæ боны дæргъы тох цыд спортсменты хистæр æмæ кæстæр фæлтæрты ʻхсæн хицæнтæй, фехъусын кодта Sputnik Федерацийы сæрдар Саулохты Георгий.

Гобозты Валерийы III мемориалы уæлахиздзау, 11 парти рамбулгæйæ, ссис Саулохты Георгий, дыккаг призерон бынат бацахста Тыбылты Ирбег. Призерты нымæцмæ ма фыццаг хатт бацыд ХИПУ студент Плиты Батрадз дæр. Кæстæр къорды хсæн уæлахизыл цин кодта Къæбулты Алан, призертæ ссисты Икъоты Марат æмæ Хъотайты Елена.

"Ацы аз ныры спортивон мадзал у не ʻртыккаг турнир шахматтæй. Хорз ацыдысты ерыстæ, бæрзонд æмвæзадыл конкуренциимæ. Мадзалы æппæт архайджытæ ацыдысты райзæрдæйæ — призертæ æмæ уæлахиздзаутæ чи не ссисты, уыдон дæр Федераци æмæ Спорты комитетæй райстой зæрдылдарæн лæвæрттæ", — загъта Федерацийы сæрдар.

Турнир сарæзта Шахмматты федераци Спорты комитеты финансон æххуысæй æмæ ХИПУ æмархайдæй.

Сааулохты Георгий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Саулохты Георгийы дыууӕ царды

Саулохты Георгий ма банысан кодта, ног мæйы та шахматты спортæн табугæнджытæм кæй æнхъæлмæ кæсны цымыдисон турнир — Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны хæларадон фембæлд.

Шахматон турнир цæуы 2016 азæй фæстæмæ. Мемориалæн бындур æрæвæрдта Шахматты федераци Гобозты Валерийы ахуыргæнинæгты хъæппæрисæй.

Спорты мастер, поэт, журналист Гобозты Валерийыл йæ цардæй ахицæн 2012 азы, ацы аз ыл сæххæст уыдаид 70 азы. Гобозты Валерийы ном Ирыстоны хъуыстгонд у канд куыд шахматист афтæ нæ, фæлæ ма ныууагъта ахадгæ литературон бынтæ дæр, бирæ æзты дæргъы фæкусты ХИПУ ахуыргæнæгæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0