Гасситы Мурӕтимӕ тохы Усикы гӕнӕн ис баива америкӕйаг боксер

© World Boxing Super SeriesТох Гасситы-Усик
Тох Гасситы-Усик - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гасситы Мурӕты командӕйы минӕвар загъта йӕ хъуыды, украинӕйаг боксеры америкӕйаг Эндрю Табити кӕй баивдзӕн, уый фӕдыл

ЦХИНВАЛ, 13 июн — Sputnik. Боксы Ӕппӕтдунейон суперсерийы финалы дунейон чемпион Гасситы Мурӕт гӕнӕн ис ӕмӕ фембӕла америкӕйаг Эндрю Табитиимӕ, фехъусын кодта Sputnik ирон боксеры комадӕйы минӕвар.

WBSS-ы финалон хыл Гасситы Мурӕт ӕмӕ Александр Усикы хсӕн хъуамӕ ацыдаид Саудон Аравийы 11 майы, фӕлӕ йӕ ахастой, украинӕйаг боксер травмӕ кӕй райста, уый тыххӕй. Амӕйразмӕ Кремлев фехъусын кодта, федераци кӕй архайы, цӕмӕй хыл ауадзой Уӕрӕсейы 22 июлы.

"Кӕд Усик не сразы уа хылыл, уӕд мах хъуыды кӕнӕм ӕндӕр варианттыл дӕр. Куы йӕ къух ныццӕвы, куы ӕндӕр цыдӕр ӕрхъуыды кӕнынц. Табити гӕнӕн ис уа Гасситы Мурӕты ныхмӕлӕууӕг суперсерийы финалы. Июль махӕн у нӕ фӕстаг ӕмгъуыд", — загъта Гасситы Мурӕты командӕйы минӕвар.

Гасситы-Усикы хыл ауадзын дыууӕйыл кӕй у, ахӕм информаци радта интернет-рауагъд Boxing Talk.

Мурат Гассиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
УФ боксы Федерацийы фехъусын кодтой, кӕд зӕгъдзысты Гасситы-Усикы тохы датӕ

"Хыл гӕнӕн ис ӕмӕ мауал ауадзой, Гасситы Мурӕты командӕ райгонд кӕй нӕу, уый тыххӕй. Уырыссаг боксеры промоутертӕ критикӕ кӕнынц Александр Усикы ӕмӕ йӕ менеджерты, хылы организацийы фӕдыл баныхас кӕй ныддаргъ, уый тыххӕй. Украинаг боксеры бӕсты Гасситы Мурӕт гӕнӕн ис фембӕла америккаг Эндрю Табитиимӕ 21 июлы", — фыссы рауагъд.

Амӕйразмӕ боксы дунейон чемпион Александр Усик фехъусын кодта, Гасситы Мурӕтимӕ кӕй нӕ фембӕлдзӕн, хыл Уӕрӕсейы куы уа, уӕд.

Ӕртыццӕджы Кремлев фехъусын кодта, хылы бынат ӕмӕ рӕстӕджы фарста кӕй аскъуыддзаг уыдзӕн иу-дыууӕ къуыримӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0