Диссаджы ӕхст бадгӕйӕ: Гасситы Мурӕтмӕ ма разынд баскетболисты курдиат дӕр

© instagram/murat_gassievГасситы Мурӕт
Гасситы Мурӕт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон спортсмен бахаста ногдзинад йӕ тренировкӕтӕм ӕмӕ фенын кодта дӕсниаг хъазт баскетболӕй

ЦХИНВАЛ, 25 июн — Sputnik. Дунейон чемпион боксӕй Гасситы Мурӕт фенын кодта диссаджы курдиат баскетболӕй ӕмӕ сӕххӕст кодта тынг зын ӕхст бадгӕйӕ. Видео ирон спортсмен сӕвӕрдта йӕ Instagram-ы.

Интернетӕй пайдагӕнджытӕ фӕфыстой тынг зӕрдиаг комментаритӕ спортсменӕн йӕ социалон хызӕджы.

 

"Ай дын лӕг! Дӕуӕн ма ис баскетболисты курдиаттӕ дӕр!!!…Алкӕцы баскетболистӕн дӕр йӕ бон не суыдзӕн афтӕ саразын!…Алыхатт дӕр нӕ дисы ӕфтауыс, Мурӕт!…", — ныффыста Гасситы Мурӕты фанаттӕй иу.

Гасситы Мурӕт ис тренировкӕгӕнӕн базӕйы америкӕйаг Биг Бэры, цы ран йӕ тренер Абель Санчесимӕ йӕхи цӕттӕ кӕны боксы Ӕппӕтдунейон суперсерийы (WBSS) украинаг боксер Александр Усикимӕ финалон тохмӕ.

Тох уагъд ӕрцӕудзӕн Мӕскуыйы 21 июлы. Боксы Ӕппӕтдунейон суперсерийы турнир райдыдта фарон сентябры. Финалон тохы рамбулӕгӕн ратдзысты 10 милуан доллар ӕмӕ Моххамед Алийы Кубок.

Ног хабӕртты лентӕ
0