Цӕгат Ир ӕртымбыл кӕндзӕн Уӕрӕсейы тыхджындӕр амрхӕцджыты

© AP Photo / Martin MeissnerАрмрестлинг
Армрестлинг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Турнир уагъд цӕудзӕн 30 июны ӕмӕ ӕртымбыл кӕндзӕн 33 спортсмены Уӕрӕсейы 23 субъекттӕй

ЦХИНВАЛ, 26 июн — Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы спорты галуан "Манеж"-ы ацӕудзӕн Ӕппӕтуӕрӕсейон турнир армхӕцынӕй нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты хсӕн, кӕцы у нывонд Уӕрӕсейы сгуыхт тренер Еналдыты Асланбегӕн, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службӕ.

Турнир уагъд цӕудзӕн 30 июны ӕмӕ ӕртымбыл кӕндзӕн 33 спортсмены Уӕрӕсейы 23 субъекттӕй.

Æрмхæцæг Гасситы Сослан европæйаг ерысты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Армхæцæг Гасситы Сослан европæйаг ерысты рамбылдта дыккаг майдан

"Цӕгат Ирыстоны командӕ турниры ралӕудзӕн тыхджындӕр скондимӕ — Мӕхъиты Ирина, Байаты Милана, Хъайырты Мӕдинӕ, Церекаты Роман, Золойты Хаджимурат, Гасситы Сослан, Хуыбиаты Ирбег, Дзититы Хетӕг, Коцты Дмитрий, Гобозты Гоча ӕмӕ ӕндӕртӕ", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Мадзалы организатортӕ сты Цӕгат Ирыстоны физикон культурӕ ӕмӕ спорты министрад ӕмӕ Армхӕцыны федераци.

Еналдыты Асланбег бирӕ ӕзты уыд Советон Цӕдисы уӕзисыны командӕйы уӕнг. Уыдис Уӕрӕсейы ӕмӕ ССРЦ-ы бирӕхаттон рекордсмен. Цалдæр хатты нымад æрцыд Уæрæсейы афæдзы хуыздæр тренерыл армхæстæй, уый бацæттæ кодта бирæ ирд спорсменты — дунейы, Европæйы æмæ Уæрæсейы бирæхаттон чемпионты. Уæрæсейы æмбырдгонды бындур арæзт уыд йæ хъомылгæнинæгтæй — ирон спортсментæй.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0