Чи рамбулдзӕн Гасситы - Усикы тохы: профессионалты прогнозтӕ

Рафыссын
Профессионалон боксы стъалытӕ ӕмӕ Гасситы Мурӕты фыццаг тренер загътой сӕ хъуыды Александр Усикимӕ тохы фӕдыл

ЦХИНВАЛ, 6 июл — Sputnik. Дунейы раздӕры чемпион Николай Валуев загъта, Боксы Ӕппӕтдунейон суперсерийы (WBSS) финалон тох уӕрӕсейаг Гасситы Мурӕт ӕмӕ украинаг Александр Усикы хсӕн кӕй уыдзӕн афӕдзы тох.

WBSS-ы финалон хыл Гасситы Мурӕт ӕмӕ Александр Усикы хсӕн ацӕудзӕн Мӕскуыйы спортивон комплекс "Олимпийский"-йы 21 июлы. Уӕлахиздзау райсдзӕн WBSS сӕйраг приз — Мохаммед Алийы кубок ӕмӕ 10 милуан доллары.

"Бакӕсут, куыд тагъд уӕй кӕнынц билеттӕ ӕмӕ бамбардзыстут, куыд ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ацы тохмӕ. Ӕз хъуыды кӕнын, ацы тох кӕй уыдзӕн афӕдзы тох. Ӕз нӕ зӕгъдзӕн фавориты тыххӕй. Бирӕ баст уыдзӕн ныхмӕлӕуджыты фӕразондзинадыл" — радӕтта Валуевы ныхӕстӕ РИА Новости.

"Мурӕтӕн ис алцыдӕр, цӕмӕй рамбула"

Гасситы Мурӕты фыццаг тренер — Сланты Виталийы уырны, йӕ хъомылгӕнинагӕн йӕ бон кӕй у нокаутӕй рамбулын Усикы.

Сланты Виталий нысан кӕны, зӕгъгӕ, Усикы ис гӕнӕн рамбулын фидар уд, фӕндон, тых ӕмӕ дӕсниады фӕрцы.

Александр Усик ӕмӕ Гасситы Мурӕт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы-Усикы тохмӕ фыццаг билеттӕ балхӕндзысты ирон фанаттӕ

"Мурӕтӕн ис алцыдӕр, цӕмӕй рамбула, ацы хылы йӕхи равдисдзӕн ноджы хуыздӕр. Уый йӕ ныхмӕлӕууӕгӕй у ӕвзонгдӕр, хылӕй хылмӕ дӕсниад ӕфтауы. Усикы гӕнӕн ис рамбулын нокаутӕй, куы йӕ ӕрлӕууын кӕнай, уӕд. Ӕз хъуыды кӕнын ӕмӕ Мурӕтӕн йӕ бон суыдзӕн уый сӕххӕст кӕнын", — банысан кодта Сланты Виталий.

Нокаут нӕ уыдзӕн

Дунейон чемпионкӕ Инна Сагайдаковская нысан кӕны, зӕгъгӕ, Гасситы Мурӕт ӕмӕ Александр Усикы тохы уӕлахиздзауы сбӕрӕг кӕндзысты 12 раунды фӕстӕ тӕрхонгӕнджытӕ.

"Ацы тохмӕ иууылдӕр тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсынц. Дыууӕ хорз боксеры фембӕлд. Гасситы Мурӕт тынг бафтыдта техникӕйы. Усикӕн дӕр ис егъау техникӕ. Нокаут нӕ уыдзӕн. Дыууӕты шанстӕ дӕр сты ӕмхуызон", — банысан кодта Сагайдаковская.

Ног хабӕртты лентӕ
0