Цхинвалы рабæрæг кодтой Цæгат Кавказы тыхджындæр шашистты

© Sputnik / Фатима Плиева Турнир шашкæтæй Цхинвалы
Турнир шашкæтæй Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фондз республикæйы минæвæрттæ стох кодтой Хуссар Ирыстоны æхсæнадæмон турниры, кæцы нывонд уыд республикæйы хæдбардзинад Уæрæсейы ʻрдыгæй банымайыныл 10 азы сæххæстæн

ЦХИНВАЛ, 9 июл — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы фæбæрæг сты Цæгат Кавказы хуыздæр шашистты нæмттæ. Фондз республикæйы минæвæрттæ интеллектуалон тох уагътой дыууæ боны дæргъы, фехъусын кодта Sputnik шашкæты федерацийы сæргълæууæг Лолоты Борис.

Турнир цыд зылдон системæмæ гæсгæ, 18 хъазæджы ʻхсæн уæлахиздзау æмæ призертæ фæбæрæг сты очкотæм гæсгæ.

"Мадзал ацыд бæрзонд æмвæзадыл, æмткæй дзы ахъазыдысты 160 партийы. Уæлахиздзау ссис дагъыстайнаг шашист, спорты мастермæ кандидат Шамиль Алиев. Аннæ дагъыстайнаг хъазæг Исмаил Исмаилов ссис æртыккаг, æвзист та бафтыд цæцæйнаг спорты мастер Минкаил Исмаиловы къухы. Турниры сылгоймаг, кæсæгбалхъайраг æвзонг чызг Адиса Ахамилова дæр хорз ахъазыд æмæ йæ уымæ гæсгæ рахицæн кодтой сæрмагонд лæварæй", — радзырдта уый.

Федерацийы сæргълæууæг ма банысан кодта, Хуссар Ирыстонæй турниры кæй архайдта авд хъазæджы, уыдонæй иууыл хуыздæр бæрæггæнæнтæ равдыста Цхинвалы районы минæвар Тедеты Николай.

Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад Уæрæсейы ʻрдыгæй банымайыныл 10 азы сæххæсты цытæн æхсæнадæмон турнир ацыд ивгъуыд улæфт бонты. Бацæттæ йæ кодтой Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитет, Хуссар Ирыстоны шашкæты федераци æмæ Уæлдæр спортивон дæсныйады скъола.

Ног хабӕртты лентӕ
0