Ирыстойнаг дзюдоисттӕ бацахстой фыццаг бынат Грозныйы турниры

© Министерство спорта РСО-АланияИрыстойнаг дзюдоисттӕ бацахстой фыццаг бынат Грозныйы турниры
Ирыстойнаг дзюдоисттӕ бацахстой фыццаг бынат Грозныйы турниры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ерысты цӕгатирыстойнаг спортсментӕ рамбылдтой 17 хорзӕхы

ЦХИНВАЛ, 9 июл — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны командӕ дзюдойӕ йӕхи хорз равдыста Цӕгат Кавказы Федералон зылды чемпионаты ӕмӕ бацахста фыццаг иумӕйаг командон бынат, хъусын кӕны республикӕйы спорты министрады пресс-службӕ.

Ирон тхэквондисттӕ рамбылдтой 10 хорзӕхы Цӕгат Кавказы чемпионаты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон тхэквондисттӕ рамбылдтой 10 хорзӕхы Цӕгат Кавказы чемпионаты

Ерысты, кӕцытӕ цыдысты горӕт Грозныйы, цӕгатирыстойнаг спортсментӕ рамбылдтой 17 хорзӕхы — 8 сыгъзӕрин, 2 ӕвзист ӕмӕ 6 бронзӕ майданы.

"Фыццаг къӕпхӕнмӕ схызтысты Егиазар Карапетян, Битеты Давид, Джанайты Сослан, Лазарты Аланӕ, Бететы Бэла, Цирихты Дана, Габуйты Фатимӕ ӕмӕ Тасойты Айза. Ӕвзист майдантӕ рамбылдтой Луиза Харченко, Голойты Марина ӕмӕ Гӕджиты Алина. Армен Тадевосян, Дзукаты Сӕрмӕт, Икъоты Сослан, Цхуырбаты Ален, Кокайты Кристина ӕмӕ Джабиты Жанна ссисты турниры бронзӕйы призертӕ", — ранымадтой пресс-службӕйы.

Турниры уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ призертӕ хайад райсдзысты Уӕрӕсейы чемпионаты дзюдойӕ, кӕцы цӕудзӕн октябры Грозныйы.

Ног хабӕртты лентӕ
0