Ӕхсызгон мын уыдзӕн: Гасситы Мурӕт нӕ фӕфыдӕнхъӕл кӕндзӕн уӕрӕсейаг футболистты

Рафыссын
Уӕрӕсейы ӕмбырдгонды футболисттӕ фӕнд кӕнынц ӕрбацӕуын "Олимпийский"-мӕ ирон чемпионы фарс балӕууыны тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 11 июл — Sputnik. Боксӕй дунейы чемпион Гасситы Мурӕт загъта, тынг ӕхсызгон ын кӕй уыдзӕн Усикимӕ йӕ тохмӕ уӕрӕсейаг ӕмбырдгонды футболистты ӕрбацыд ӕмӕ кӕй бацархайдзӕн, цӕмӕй сӕ ма фӕфыдӕнхъӕл кӕна.

"Фехъуыстон, нӕ футболисттӕй бирӕтӕ кӕй фӕнд кӕнынц ӕрбацӕуын тохмӕ 21 июлы "Олимпийский"-мӕ ӕмӕ мӕ фарсмӕ ӕрбалӕууын. Уый мӕнӕн у ӕрмӕстдӕр ӕхсызгон, бацархайдзӕн, цӕмӕй сӕ ма фӕфыдӕнхъӕл кӕнон", — ныффыста чемпион йӕ фарсыл Instagram.

 

WBSS-ы финалон хыл Гасситы Мурӕт ӕмӕ Александр Усикы хсӕн ацӕудзӕн Мӕскуыйы спортивон комплекс "Олимпийский"-йы 21 июлы. Уӕлахиздзау райсдзӕн WBSS сӕйраг приз — Мохаммед Алийы кубок ӕмӕ 10 милуан доллары.

Ног хабӕртты лентӕ
0