Гасситы Мурӕт ӕртахт Мӕскуымӕ Александр Усикимӕ тохмӕ

© instagram/murat_gassievГасситы Мурӕт
Гасситы Мурӕт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейаг боксер фехъусын кодта, цӕттӕ кӕй у тохмӕ ӕмӕ рӕстӕджы хицӕндзинӕдтӕ уымӕн проблемӕ кӕй не сты

ЦХИНВАЛ, 17 июл — Sputnik. Дунейы чемпион боксӕй Гасситы Мурӕт ӕртахт Мӕскуымӕ къуырисӕры изӕры, иу къуыри раздӕр Боксы Ӕппӕтдунейон суперсерийы финалон тохӕй, фехъусын кодта уӕрӕсейаг боксер социалон хызӕг Instagram-ы.

"Куыд фӕнд кодтон, афтӕ ӕртахтӕн Уӕрӕсемӕ тохӕй иу къуыри раздӕр. Аклиматизациимӕ проблемӕтӕ мын нӕ вӕййы, рӕстӕджы хицӕндзинӕдтӕ мӕныл не 'ндавынц. Мӕнӕн фаг у хӕдтӕхӕджы хорз афынӕй кӕнын, цӕмӕй аэропорты дӕр цӕттӕ уон тохмӕ", — ныффыста Гасситы Мурӕт.

Чемпион йӕхи цӕттӕ кодта америкайаг Биг Бэры тренировкӕгӕнӕн базӕйы, йӕ тренер Абель Санчесы къухдариугадӕй.

 

WBSS-ы финалон хыл Гасситы Мурӕт ӕмӕ Александр Усикы хсӕн ацӕудзӕн Мӕскуыйы спортивон комплекс "Олимпийский"-йы 21 июлы. Уӕлахиздзау райсдзӕн WBSS сӕйраг приз — Мохаммед Алийы кубок ӕмӕ 10 милуан доллары.

Ног хабӕртты лентӕ
0