Дыууæ ирон богал рамбылдтой Уæрæсейы чемпионат

© Sputnik / InstagramИрон богалтæ
Ирон богалтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Пьедесталы фыццаг къæпхæнмæ схызтысты Сидахъты Зауыр(74 кг) æмæ Цæкулаты Батырбег(92кг), ноджы ма æхсæз атлет та райстой къаддæр аргъы майдантæ

ЦХИНВАЛ, 6 авг — Sputnik. Уæрæсейы уæгъдибар хъæбысхæстæй 2018 азы чемпионаты расгуыхт 8 ирон богалы, сыгъзæрин майданты хицау баисты Сидахъты Зауыр æмæ Цæкулаты Батырбег, аннæтæ ссисты призертæ, комкоммæ трансляци уагъта УФ-йы уæгъдибар хъæбысхæсты федерацийы сайт.

Кокайы Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон богал рамбылдта ӕвзист майдан Уӕрӕсейы чемпионаты

Олимпиаг чемпион Рæмонаты Сослан, кæцыйы хуыдтой 70 кг уæзы лидер, финалмæ нæ ахызт.

Ирон богал Цæкулаты Батырбег 92 кг уæзы рамбылдта Кæсæг-Балхъары хъæбысхæцæг Анзор Уришевы æмæ ссис Уæрæсейы чемпион. 74 кг уæзы та "сыгъзæрин"-ыл тох цыд дыууæ ирон богал Цæболты Хетæг æмæ Сидахъты Зауыры ʻхсæн. Фæлтæрд спортсмен, дунейы чемпион Цæболты Хетæджы рамбылта йе ʻвзонг æмзæххон Сидахъты Зауыр.

Уӕгъдибар хъӕбысхӕст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуыбежты Кахабер ӕмӕ Рӕмонаты Сослан ссисты Гран-прийы призертӕ хъӕбысхӕстӕй

86 æмæ 97 кг уæзты æвзист майдантæ райстой Байцаты Владислав æмæ Найфонты Артур. Фыццагæн нæ бантыст олимпиаг чемпион Абдулрашид Садулаевы басæттын, дыккаг фæхæрд ис финалы Даурен Куруглиевæн. Бронзæйон майдантæ райстой Уалыты Владислав, Байаты Дауыт æмæ Хуыбежты Къахбер.

Ерыстæ цыдысты 3-5 августы Одинцовойы. Цæгат Ирыстоны спорты министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ æмткæй чемпионаты архайдтой 45 ирон богал.

Ног хабӕртты лентӕ
0