Козаты Асланбег хайад райсдзӕн "Время Легенд" турниры Грозныйы

Рафыссын
Боксермӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы астраундон тох уӕрӕсейаг ныхмӕлӕууӕгимӕ

ЦХИНВАЛ, 4 сен — Sputnik, Козаты Диана. Ирыстойнаг боксер Козаты "Lion" Асланбег ӕртыццӕджы ауадздзӕн радон рейтингон тох. Козаты Асланбег рахиздзӕн рингмӕ уӕрӕсейаг спортсмены ныхмӕ "Время Легенд" турниры рӕстӕджы. Уый уагъд цӕудзӕн 5 сентябры сӕрдыгон амфитеатр "Грозный Сити"-йы.

Боксер Асланбек Козаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Козаты Аслан тох кæндзæн цæцæйнаг клуб "Ахмат"-æн

Марты боксер бахъахъхъӕдта IBO Intercontinental дунейы чемпионы титул, кӕцы уый рамбылдта 2016 азы сентябры, хуссарафрикайӕг спортсмен Паула Камангайыл куы фӕуӕлахиз, уӕд.

"Ӕз цӕттӕ кодтон астраундон тохмӕ. Мӕхи фидар бацӕттӕ кодтон, уырны мӕ ӕмӕ алцыдӕр ацӕудзӕн иттӕг хорз", — загъта Sputnik боксер.

Козаты Асланбег райгуырд Хуссар Ирыстоны, рахызт профессионалон рингмӕ 2008 азы. Уый у Европӕйы чемпион WBC версимӕ гӕсгӕ, WBC версийы интерконтиненталон дунейы чемпион фӕсивӕды ӕхсӕн, WBC дунейы чемпион, Азийы чемпион.

Козаты Асланбег архайы цӕцӕйнаг клуб "Ахмат"-ы сконды.

Ног хабӕртты лентӕ
0