Гасситы Мурӕт хаты, цӕмӕй йӕ чемпион мауал хоной

© instagram/murat_gassievМурат Гассиев
Мурат Гассиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон боксер Гасситы Мурӕт ныммыхуыр кодта видео, кӕцыйы бахатыд, цӕмӕй йӕ чемпион мауал хоной

ЦХИНВАЛ, 24 сен — Sputnik. Ирон боксер, IBF ӕмӕ WBA верситы раздӕры чемпион Гасситы Мурӕт профессионалон боксы ӕхсӕнадӕмон турниры рӕстӕджы Дзӕуджыхъӕуы бахатыд, цӕмӕй йӕ чемпион ма хоной. Мадзалы видео ныммыхуыр кодта Гасситы Мурӕт йӕхӕдӕг социалон хызӕг Instagram-ы йӕ официалон фарсыл.

 

Ирон боксер бахахх кодта, зӕгъгӕ, фесӕфта чемпионы ном Ӕппӕтдунейон боксы суперсерийы (WBSS) финалон тохы рӕстӕджы.

"2018 азы 21 июлы ӕз фембылд дӕн дыууӕ роны дӕр, ӕмӕ абоны бон нӕ дӕн дунейы чемпион. Куы рамбулон иу рон, уӕд та мӕ ногӕй хонут чемпион — ныр та чемпион нӕ дӕн", — загъта боксер.

Видеойы бын Гасситы Мурӕт загъта бузныг йӕ фанаттӕн: "Мах ӕрыздӕхдзыстӕм", — бафтыдта боксер.

Гасситы Мурӕт Боксы Ӕппӕтдунейон суперсерийы финалон тохы фембылд украинӕйаг боксер Александр Усикӕн Мӕскуыйы 21 июлы. Усик ссис дунейы абсолютон чемпион боксӕй, афтӕ ма рамбылдта Мохаммед Алийы Кубок дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0