Кары ныхмæ: Бекъойты Эдвард рамбылдта Кæсæджы теннисы турнир

Рафыссын
Цхинвайлаг спортсмен Хуссар Ирыстоны историйы у иунæг, кæцыйæн бантыст ЦКФЗ ерыстæ рамбулын теннисæй, хисæрмагонд хыгъды нымад у Цæгат Кавказы фæндзæм ракеткæйыл

ЦХИНВАЛ, 27 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссарирыстойнаг теннисист Бекъойты Эдвард рамбылдта адыгейæгты боны цытæн турнир уæлыстъол теннисæй. Цхинвайлаг 52-аздзыд спортсмен фæстейы ныууагъта æвзонг æмæ фæлтæрд ныхмæлæуджыты, фехъусын кодта Sputnik  йæ тренер Джиоты Мириан.

Ерыстæ цыдысты Кæсæг-Балхъары республикæйы, архайдта дзы 50 спортсмены.

Джиголаты Аланæ, ЦКФЗ бронзæйон призер - Sputnik Хуссар Ирыстон
Джиголаты Аланæ ссис теннисæй Цæгат Кавказы фыццагады призер

"Сыгъзæрин майданмæ фæндагыл нæ спортсмен Бекъойты Эдвард рамбылдта фараст ныхмæлæууæджы, уыдонæй 5 къорды, аннæтæ æрдæгфиналон æмæ финалон тохты. Ам архайдтой æвзонг æмæ фæлтæрд спортсментæ дæр, фæлæ цхинвайладжы ничи рамбылдта, йæ кармæ æнæкæсгæйæ — нæ уæлахиздзауыл цæуы 52 азы", — загъта тренер.

Уый ма банысан кодта, цхинвайлаг спортсмен Хуссар Ирыстоны историйы кæй у иунæг, кæцыйæн бантыст Цæгат Кавказы федералон зылды ерыстæ рамбулын.

"Рагæй архайы теннисы, уыд ын æнтыстытæ советон дуджы дæр. Цæгат Ирыстоны чемпионат рамбылдта цалдæр хатты. Хисæрмагонд хыгъды нымад у Цæгат Кавказы фæндзæм ракеткæйыл. У 2011 азы Каспгæрон бæстæты кубокы призер", — бафтыдта Джиоты Мириан.

Ног хабӕртты лентӕ
0