Уæрæсейы хуыздæр богалтæ сæ уæлахизтæ снывонд кæндзысты Къудухты Бесикæн

© instagram/dzambolat_tedeevУæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы æмбырдгонд
Уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы æмбырдгонд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы æмбырдгонд афæндараст ис дунейы чемпионатмæ Будапештмæ, йе 'сконды дыууæ ирон богалы – Сидахъты Зауыр æмæ Цæкулаты Батырбег

ЦХИНВАЛ, 18 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы æмбырдгонд цыппæрæмы афæндараст ис дунейы чемпионатмæ. Командæйы уæнгтæн сæ хæдæттыл ис Къудухты Бесикы хуызист, чъылдымфарс та уæлахиз зынгхуыст богалæн снывонд кæныны фыст.

Бесик Кудухов. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Къудухты Бесикы мысӕнӕн сисдзысты аивадон киноныв

Богалы бинойнаг Къудухты Кристина ныффыста бузныджы ныхæстæ йæ фарсыл "Instagram"-ы.

Уæрæсейы спортивон кад хъахъхъæндзысты дыууæ ирон богалы, 2018 азы бæстæйы чемпионаты уæлахиздзаутæ Сидахъты Зауыр (74 кг) æмæ Цæкулаты Батырбег (92кг).

Уæрæсейы тырысайы бын æмткæй архайдзысты 10 богалы — фараст чемпионы æмæ Гаджимурад Рашидов, кæцы расгуыхт "Мемориал Циолковского"-йы.

Командæйы капитан у олимпиаг чемпион Абдулрашид Садулаев.

Дунейон ерыстæ райдайдзысты 20 октябры Будапешты.

Ног хабӕртты лентӕ
0