Гасситы Мурӕт Усикимӕ тохы фӕстӕ цардыл: ӕнкъард дӕн ӕнӕ чемпионы рӕттӕй

© Sputnik / Владимир Сергеев /  Ахизын медиабанкмæБоксер Гасситы Мурат
Боксер Гасситы Мурат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон боксер бахӕццӕ Боксы ӕппӕтдунейон суперсерийы финалмӕ, фӕлӕ уым фембылд украинаг Александр Усикӕн

ЦХИНВАЛ, 15 ноя — Sputnik. Дунейы раздӕры чемпион IBF ӕмӕ WBA верситы, ирон боксер Гасситы Мурӕт радзырдта, куыд фӕивта йӕ цард украинӕйаг боксер Александр Усикӕн фембылды фӕстӕ. Уый тыххӕй хъусын кӕны Спорт Экспресс Уӕрӕсейы боксы федерацийы информаци.

Боксер Гасситы Мурæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уæрæсейы боксы федераци загъта Гасситы Мурæты радон тохы датæ

Ирон боксер бахӕццӕ Боксы ӕппӕтдунейон суперсерийы финалмӕ, фӕлӕ уым фембылд украинаг Александр Усикӕн.

Спортсмен банысан кодта, зӕгъгӕ, уыцы тохы кӕй фембылд, уый йын йӕ царды бирӕ нӕ фӕивта. "Ӕнкъард у ӕнӕ чемпионы ронтӕй!..", — загъта уый.

Гасситы Мурӕт бахахх кодта, зӕгъгӕ, Александр Усикимӕ тохы зыдта, куыд хъӕуы архайын, фӕлӕ йӕ ныхмӕлӕууӕг нӕ уагъта сӕххӕст кӕнын йӕ нысӕнттӕ.

"Ӕз мӕсты кодтон, мӕхимӕ мӕсты кодтон. Уый тыххӕй ӕмӕ зыдтон, кӕй у мӕ бон рамбулын, фӕлӕ мын нӕ рауад. 21 июлы Усик спайда кодта йӕ шансӕй рамбулын мӕн — уый уыд цӕттӕ 1000%, ӕз та 500%", — загъта боксер.

Афтӕ ма Мурӕт банысан кодта, йӕ уӕхсчы травмӕ кӕй нӕ бандавта тохы фӕстиуӕгыл.

Амӕйразмӕ Уӕрӕсейы боксы федераци фехъусын кодта Гасситы Мурӕты иннӕ тохы датӕ ӕмӕ бынат.

Ног хабӕртты лентӕ
0