Уæлахиздзауты тренертæн: Боксы скъола схорзæхджын кодта аккагдæрты

© Sputnik / Фатима ПлиеваБоксеры Южной Осетии
Боксеры Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сывæллæтты æмæ æрыгæтты боксы скъолайы разамынад бузныджы гæххæттытæй æмæ сæрмагонд призтæй рахицæн кодта Дзæуджыхъæуы фыццагады æнтыстджындæр боксерты æмæ тренерты

ЦХИНВАЛ, 21 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Сывæллæтты æмæ æрыгæтты боксы скъолайы разамынад схорзæхджын кодта Дзæуджыхъæуы фыццагады уæлахиздзау боксерты тренерты бузныджы гæххæттытæй.

© Sputnik / Фатима ПлиеваДзæуджыхъæуы фыццагады триумфатортæ
Боксеры Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзæуджыхъæуы фыццагады триумфатортæ

Сывæллæтты æмæ æрыгæтты боксы скъолайы хъомылгæнинæгтæй аст райстой сыгъзæрин майдантæ, ноджы ма фондз лæппуйы та рамбылдтой дыккаг бынæттæ. Фæсивæды бацæттæ кодтой 6 тренеры, уыдон ссисты боксы скъолайы цыткæныны изæры хъайтартæ.

Бузныджы гæххæтытæ райстой тренертæ Плиты Азæмæт, Тедеты Алик, Дзигойты Ацæмæз, Куымæридтаты Родион æмæ Руслан æмæ Калаты Георгий.

"Тренертæй дарддæр ма абон схорзæхджын кодтам нæ хъомылгæнинаг Кокойты Левы, радтам ын сæрмагонд хæрзиуæг "иууыл фенддагдæр тох", уымæн йæ ралæуды фæстæ зал æмдзæгъд кодта къахылæудæй. Ходты Дмитрийы рахицæн кодтам "уæлахизмæ тырнынады тыххæй", мах нымайæм, уымæн йæ тох кæй байстой. Дима рамбылдта ныхмæлæуд, фæлæ йын фыццаг бынат нæ радтой", — загъта боксы скъолайы директоры хæдивæг Кокойты Ирбег.

Дзæуджыхъæуы гом фыццагад боксæй цыд 15–18 ноябры. Хуссар Иры командæйы сконды архайдтой 20 боксеры.

© Sputnik / Фатима ПлиеваКокойты Лев æмæ скъолайы директоры хæдивæг
Боксеры Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Кокойты Лев æмæ скъолайы директоры хæдивæг
Ног хабӕртты лентӕ
0