Ӕртæ майданы рамбылдтой цхинвайлаг богалтæ æппæтуæрæсейон турниры

© Sputnik / Минспорт Северной Осетии Тедеты Елхъаны номарæн æппæтуæрæсейон турнир хъæбысхæстæй
Тедеты Елхъаны номарæн æппæтуæрæсейон турнир хъæбысхæстæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ерысты сæ тыхтæ бавзæрстой 300 спортсмены Цæгат Кавказы республикæтæй, Хуссар Ирæй æмæ Мæскуыйы областæй

ЦХИНВАЛ, 27 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Дыууæ богалы Хуссар Ирæй рамбылдтой дунеон къласы спорты мастер Тедеты Елхъаны номарæн 18-æм Æппæтуæрæсейон турнир хъæбысхæстæй Цæгат Ирыстоны. Æрвылаз ацы ерысты тох кæнынц хуссарирыстойнаг хъæбысæйхæцджытæ, фæлæ ныры хуызæн "тыллæгджын" никуы ма уыд майдантæй, фехъусын кодта Sputnik спортсменты тренер Коцты Тамерлан.

Уæрæсейы фыццагады призер Дзæгъитаы Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг богал Дзæгъиаты Сослан ссис Уæрæсейы фыццагады призер

"Бестауты Андрей рамбылдта ерыстæ 110 уæзы. 92 кг уæзы та тыхджындæры номыл тох бацайдагъ цхинвайлаг богалтæ Зассеты Азæмæт æмæ Дзæгъиаты Сосланы ʻхсæн, фыццаг разынд æнтыстджындæр", — загъта тренер.

Турниры сæ тыхтæ бавзæрстой 300 спортсмены Цæгат Кавказы республикæтæй, Хуссар Ирыстонæй æмæ Мæскуыйы областæй.

Спортивон мадзалы архайдтой номдзыд богалы хæстæджытæ, йæ фырт Хъазыбег, уæгъдибар хъæбысхæстæй олимпаг чемпион Тедеты Эльбрус, Цæгат Ирыстоны иугонд командæйы сæйраг тренер Гозымты Хетæг æмæ ацы азы дунейы чемпион Сидахъаты Зауыр.

© Sputnik / Минспорт Северной Осетии Тедеты Елхъаны номарæн æппæтуæрæсейон турнир хъæбысхæстæй
Ӕртæ майданы рамбылдтой цхинвайлаг богалтæ æппæтуæрæсейон турниры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тедеты Елхъаны номарæн æппæтуæрæсейон турнир хъæбысхæстæй
Ног хабӕртты лентӕ
0