Цхинвайлаг æрмхæцджытæ стох кæндзысты Цæгат Иры фыццагады

© Sputnik / Плиты ФатимæХуссар Иры армспорты секцийы хъомылгæнинæгтæ
Хуссар Иры армспорты секцийы хъомылгæнинæгтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг армрестлертæ турниры призтæй дарддæр тох кæндзысты Уæрæсейы фыццагадмæ ахизыныл

ЦХИНВАЛ, 27 ноя — Sputnik. Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны армспорты секцийы хъомылгæнинæгтæй авд стох кæндзысты Цæгат Ирыстоны фыццагады, фехъусын кодта Sputnik спортсмены тренер Джиоты Валерий.

Ерыстæ ацæудзысты 1-2 декабры.

"Ирыстойнаг æрмхæцджытæ сты дунейы тыхджындæртæ, уымæ гæсгæ Цæгат Ирыстоны фыццагад рамбулын хуымæтæджы хъуыддаг нæу, фæлæ у æнæмæнгхъæугæ. Уымæн æмæ ацы ерысты фыццаг æмæ дыккаг номыртæ райсынц балцæг Уæрæсейы фыццагадмæ", — загъта тренер.

Уый ма банысан кодта, ацы ерыстæм сæ секцийы лидертæй дарддæр кæй акæндзысты æртæ спортсмены, кæцытæн сæ спортивон карьерæйы ахадгæ æнтыстытæ нæ уыд.

Ирон æрмхæцджытæ дунейы чемпионаты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Алкæмæн дæр фæндзтæ: цхинвайлаг армрестлертæ рамбылдтой ноджы æртæ майданы Турчы

"Махæй æппæтирыстонон æмвæзады ерысты архайдзысты европæйаг æмæ дунейы фыццагадты призертæ — Дыгъуызты Милена, Хæбæлаты Арсен, Плиты Батрадз æмæ Кæсæбиты Владислав.

Ацы ерыстæ суыдзысты фæлварæн секцийы тыхджындæр, фæлæ æвæлтæрд æрмхæцджытæн", — бафтыдта Джиоты Валерий.

Дыгъуызты Милена у 2017-2018 æзты Уæрæсейы уæлахиздзау, ацы æзты Европæйы æвзист призер æмæ, фæстаг æнтыст хынцгæйæ та, 2017-2018 æзты дунейы чемпионаты æвзист æмæ бронзæйон призер.

Плиты Батрадз Уæрæсейы фыццагады фæстаг дыууæ азы фæд-фæдыл рамбылдта æвзист майдантæ, 2018 азы рамбылдта дунейон æвзист Туркы.

Хæбæлаты Арсен у 2016 азы Уæрæсейы чемпион, 2017 азы æвзист призер æмæ 2018 азы бронзæйон æмæ 2018 азы дунейы чемпионаты æвзист призер.

Ног хабӕртты лентӕ
0