Бындурæвæрæджы номарæн: Цхинвалы сидынц æвзонг богалтæм турнирмæ

© Sputnik / Фатима ПлиеваКъудухты Бесикы номарæн турнир
Къудухты Бесикы номарæн турнир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Къораты Харитоны номарæн турнир ацæудзæн хъæбысхæцæгæн йæ райгуырæн боны – 1 декабры

ЦХИНВАЛ, 29 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны ацæудзæн æрвылазон республикон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй, кæцы нывонд у республикæйы ацы спорты хуызы бындурæвæрæг Къораты Харитонæн. Дзæнæттаг номдзыд богалæн йæ райгуырæн бон гауызмæ рахиздзысты 2003-2004 æмæ 2005-2006 æзты гуырд спортсментæ, фехъусын кодта Sputnik уæгъдибар хъæбысхæсты скъолайы директор, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы сгуыхт тренер Тедеты Мурат.

"Ерыстæм хуынд цæуынц республикæйы æппæт уæгъдибар хъæбысхæсты секциты хъомылгæнинæгтæ. Спортивон мадзал цæудзæн 1 декабры, Спорты скъолайы бæстыхайы", — банысан кодта Тедеты Мурат.

Уæрæсейы фыццагады призер Дзæгъитаы Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг богал Дзæгъиаты Сослан ссис Уæрæсейы фыццагады призер

Къораты Харитон райгуырд 1 декабры 1930 азы Ленингоры районы Ларгвисы хъæуы. Рæгмæ бацыд уæгъдибар хъæбысхæсты секцимæ, фæлæ, уымæ æнæкæсгæйæ, уыд Гуырдзыстон советон республикæйы чемпионаты призер æмæ æхсæнад "Спартак"-ы республикон ерысты уæлахиздзау. Профессионалон спорты йæ архайд куы балхынцъ кодта, уæд 1955 азы уый бакодта Цхинвалы фыццаг уæгъдибар хъæбысхæсты секци, тренировкæтæ цыдысты ныры тæрхондоны бæстыхайы ныккæндон хатæны.

Ног хабӕртты лентӕ
0