Хуссарирыстойнаг армрестлертæ рамбылдтой 8 майданы Цæгат Иры

© Sputnik / Фатима ПлиеваАрмспорты секцийы хъомылгæнинæгтæ
Армспорты секцийы хъомылгæнинæгтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгат Ирыстоны фыццагады призертæн сеʻппæтæн дæр бар ис стох кæнын Уæрæсейы фыццагады

ЦХИНВАЛ, 3 дек — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны армспорты секцийы хъомылгæнинæгтæ астæй ссисты Цæгат Ирыстоны фыццагады призертæ æмæ раразмæгонд æрцыдысты Уæрæсейы фыццагадмæ, кæцы ацæудзæн æрбалæугæ азы февралы. Сæ тренер Джиоты Валерийы ныхæстæм гæсгæ, нæ спортсменты архайдæй баззад райгондæй, уыдонæн сæ сæйраг хæс уыд райсын балцæг æппæтуæрæсейон ерыстæм.

Хуссар Иры армспорты секцийы хъомылгæнинæгтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг æрмхæцджытæ стох кæндзысты Цæгат Иры фыццагады

"Турниры æмвæзæд уыд тыхджын бæрзонд, стох дзы кодтой 300 спортсмены. Гæнæн ис, мæ хъомылгæнинæгтæй кæцыдæртæн сæ бон уыд равдисын хуыздæр бæрæггæнæнтæ, фæлæ сæ сæйраг хæс уыд райсын балцæг Уæрæсейы фыццагадмæ, уый сæ къухы бафтыд  дыууæ чызг æмæ 6 лæппуйæн", — загъта тренер.

Ерыстæй  иууыл бæрзонддæр аргъы майдан æрхаста Джиоты Родион – 60 кг уæзы уый дыууæ къухæй дæр уыд фыццаг.

"Джиоты Арсен (50 кг) та фыццаг хатт архайдта ахæм æмвæзады ерысты æмæ йæ фыццаг фæлварæн нæ фæкъуыхцы — райста æртыккаг бынат. Ноджы хуыздæр æнтыст бафтыд Дзигойты Стеллайы къухы, уый та рамбылдта æвзист майдан", — загъта Джиоты Валерий.

Цæгат Ирыстоны фыццагады та радон хатт расгуыхтысты Хуссар Иры тыхджындæр æрмхæцджытæ – Дыгъуызты Милена, Плиты Батрадз, Хæбæлаты Арсен æмæ Кæсæбиты Владислав.

"Плиты Батрадз æмæ Хæбæлаты Арсен кæд иу къухтæй уыдысты фыццаг бынæтты, уæддæр дыууæ къухтæй иумæ хатдзæгон бæрæггæнтæм гæсгæ ссисты дыккæгтæ, ноджы ма иу æвзист та æрхаста Дыгъуызты Милена. Кæсæбиты Владислав ссис æртыккаг", — загъта уый.

Тренеры ныхæстæм гæсгæ, ноджы ма йæ иу хъомылгæнинаг Къæбысты Сæрмæт æфсады фæстæ раздæхт спортмæ æмæ рамбылдта ам æртыккаг бынат.

Ног хабӕртты лентӕ
0