Ирон армхӕцӕг ссис иууыл хуыздӕр Санкт-Петербурджы

© 15-Й РЕГИОНЦӕгатирыстойнаг спортсмен Цуцаты Эдуард
Цӕгатирыстойнаг спортсмен Цуцаты Эдуард - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цуцаты Эдуард рамбылдта ацы ерыстӕ ӕртыккаг хатт

ЦХИНВАЛ, 6 дек — Sputnik. Цӕгатирыстойнаг спортсмен Цуцаты Эдуард рамбылдта сыгъзӕрин майдан Санкт-Петербурджы чемпионаты армспортӕй, хъусын кӕны республикӕйы спорты министрады пресс-службӕ.

Армспорты секцийы хъомылгæнинæгтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссарирыстойнаг армрестлертæ рамбылдтой 8 майданы Цæгат Иры

Спортсмен архайдта 60 килограмм уӕзы категорийы.

"Ирон богал, Буденныйы номыл ӕфсӕддон академийы курсант, Уӕрӕсейы спорты мастер Цуцаты Эдуард бацахста фыццаг бынат 60 килограммы уӕзы категорийы. Афтӕ ма уый банымадтой цӕгаттаг столицӕйы иууыл хуыздӕр спортсменыл 21 азы кары амрхӕцджыты ӕхсӕн", — банысан кодтой пресс-службӕйы.

Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, ацы ном Цуцаты Эдуард райста ӕртыккаг аз фӕд-фӕдыл. Спортсмены тренер у Золойты Махарбег.

Ног хабӕртты лентӕ
0