Цхинвайлаг армхæцæг ссис Цæгат Иры ерысты призер

© armpowerКоцты Дмитрий
Коцты Дмитрий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Йе 'нтысты фæрцы Сиукъаты Родион æрбалæугæ азы февралы стох кæндзæн Уæрæсейы фыццагады

ЦХИНВАЛ, 7 дек — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры спорты галуан "Олимп"-ы армрестлингы секцийы хъомылгæнинаг ссис æппæтирыстойнаг ерысты призер. Сиукъаты Родион фыццаг хатт архайдта турниры æмæ йын бантыст Уæрæсейы фыццагадмæ балцæг райсын, фехъусын кодта Sputnik спортсмены тренер Коцты Дмитрий.

Бибылты Анатолий фембӕлд Хуссар Ирыстоны армхӕцджытимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий Хуссар Иры армхӕцджытӕн: бӕдӕйнӕгтӕ

Спорты галуан "Олимп"-ы армрестлингы секци кусы абаргæйæ цъус рæстæг, йæ хъомылгæнинæгтæ фыццаг хатт стох кодтой ерысты.

"Цæгат Ирыстоны фыццагадмæ акодтон цалдæр лæппуйы, уыдонæй æнтыстджын ралæуд уыд Сиукъаты Родионæн — иу къухæй бацахста дыккаг бынат, аннæмæй та æртыккаг. Иумæйаг хатдзæгмæ гæсгæ уый ацыд дыккаг бынатыл. Аннæ лæппутæ дæр фыццаг хаттæн хорз тох кодтой", — загъта Коцты Дмитрий.

Тренеры ныхæстæм гæсгæ, ацы турниры æнтыстджындæр æрмхæцджытæ бацыдысты Цæгат Ирыстоны æмбырдгонды скондмæ æмæ сын уый фадат радта æппæтуæрæсейон ерысты призтыл стох кæнын.

Спортсментæн ерыстæм ацæуынæн баххуыс кодта парти "Иугонд Ирыстон".

Ног хабӕртты лентӕ
0