Ӕппæтадæмон турнир "Аланты" стох кæндзæн 200 богалы

© Sputnik / Алина БолатаеваСпорты галуан "Манеж"
Спорты галуан Манеж - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дунейы 15 бæстæйы минæвæртты ʻхсæн уыдзæн 30 ирон богалы

ЦХИНВАЛ, 7 дек — Sputnik. Дунейы 15 бæстæйы 200 спортсмены сæ хъарутæ бафæлвардзысты 8-9 декабры Цæгат Ирыстоны уæгъдибар хъæбысхæстæй æппæтадæмон турнир "Алантæ"-йы, хъусын кæны ПТРК "Алания".

Гӕбулты Владимир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гӕбулты Владимир: турнир "Алантӕ" у дунейон ӕмвӕзады цау

Спортсментæ ныридæгæн æрцыдысты Цæгат Ирыстонмæ æмæ тренировкæтæ кæнынц Хæдарцаты Асланы номыл академийы.

"Ныртæккæ спорты галуан "Манеж"-ы цæттæ кæнынц æппæтдунеон 2-аг турнирмæ уæгъдибар хъæбысхæстæй. Гауызтæ, рухс, акустикæ — алцыдæр хъуамæ уа бæрзонд æмвæзадыл. Фарон "Аланты" турнир уыд æнтыстджын æмæ ацы аз дæр дунейы алы бæстæтæй æрбамбырд кодта бирæ адæм", — дзырдæуы хъусинаджы.

Цæгат Ирыстонæй мадзалы архайдзæн 30 спортсмены.

Сабат æмæ хуыцаубоны спортивон галуан "Манеж"-ы Дзæуджыхъæуы цæудзæн дыккаг æппæтадæмон турнир "Алантæ".

Ног хабӕртты лентӕ
0