Ирон дзюдоисттӕ ссисты Европӕйы гом турниры призертӕ

Рафыссын
Мӕргъиты Мераб, Гӕлуаты Феликс ӕмӕ Цхуырбаты Ален ссисты Португалийы турниры призертӕ

ЦХИНВАЛ, 4 фев - Sputnik. Ирон дзюдоисттӕ Мӕргъиты Мераб, Галуаты Феликс ӕмӕ Цхуырбаты Ален рамбылдтой ӕвзист ӕмӕ дыууӕ бронзӕйы майданы Европӕйы гом турниры, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службӕ.

Хуссар Иры боксертæ стох кæндзысты Цæгат Иры фыццагады - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры боксертæ стох кæндзысты Цæгат Иры фыццагады

"Уӕрӕсейы командӕйы сконды ирон дзюдоисттӕ рамбылдтой ӕртӕ хорзӕхы. 100 килограмм уӕзы категорийы ӕвзист майданы хицау баис Мӕргъиты Мераб. Гӕлуаты Феликс (73 килограмм) ӕмӕ Цхуырбаты Ален (+100 килограмм) рамбылдтой бронзӕйы майдантӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Ерыстӕ дзюдойӕ нӕлгоймӕгты ӕхсӕн ацыдысты португалиаг горӕт Одивеласы 2-3 февралы. Ирон спортсменты тренертӕ сты Беккуызарты Алик, Цӕгӕраты Хъазбег, Айларты Ирбег, Хуыгаты Виталий, Шамиль Абдулаев.

Ног хабӕртты лентӕ
0