Дыууӕ цхинвайлаг боксеры ахызтысты Уӕрӕсейы фыццагадмӕ

© Архив тренера Чермена БестаеваДыууӕ цхинвайлаг боксер ахызтысты Уӕрӕсейы фыццагадмӕ
Дыууӕ цхинвайлаг боксер ахызтысты Уӕрӕсейы фыццагадмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бекъойты Азӕмӕт ӕмӕ Хъӕцмӕзты Дмитрий бацыдысты ӕхсӕнад "Динамо"-йы ӕмбырдгонды скондмӕ ӕппӕтуӕрӕсейон ерыстӕ рамбулгӕйӕ

ЦХИНВАЛ, 19 фев — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Дыууӕ боксеры Хуссар Ирыстонӕй рамбылдтой ӕхсӕнад "Динамо"-йы ӕппӕтуӕрӕсейон гом ерыстӕ Нальчикы. Гуырахстджын турниры уӕлахизы фӕрцы, уыдон бацыдысты клуб "Динамо"- йы ӕмбырдгонды скондмӕ ӕмӕ стох кӕндзысты Уӕрӕсейы фыццагады, фехъусын кодта Sputnik боксы тренер Бестауты Чермен.

Уӕлахиздзаутӕ ссисты Бекъойты Азӕмӕт ӕмӕ Хъӕцмӕзты Дмитрий, дыууӕ лӕппуйы бацӕттӕ кодтой Бестауты Чермен ӕмӕ Уӕрӕсейы сгуыхт тренер Тедеты Алик.

Тыбылты Тамерлан рамбылдта æхсæнадæмон турнир Абхазы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг боксер рамбылдта æхсæнадæмон турнир Абхазы

"Хуссар Ирыстоны командӕйы сконды архайдтой ӕхсӕз боксеры. Дыууӕйӕ рамбылдтой ерыстӕ, хорз тохтӕ равдыстой, фӕуӕлахиз сты бынӕттон спортсментыл дӕр. Тедеты Аликы хъомылгӕнинаг Къудухты Артур схызт пьедесталы дыккаг къӕпхӕнмӕ. Хорз ма тох кодта Лохты Ацӕмӕз, уый фыццаг тохы рамбылдта Уӕрӕсейы финалисты, дыккаг фембӕлд йын уыд бынӕттонимӕ ӕмӕ йӕ тӕрхонгӕнджытӕ рацух кодтой йӕ уӕлахизӕй", - загъта Бестауты Чермен.

Уый ма радзырдта, аннӕ боксертӕ объективонӕй кӕй фембылд сты очкотӕм гӕсгӕ.

Бекъойты Азӕмӕт ӕмӕ Хъӕцмӕзты Дмитрий Уӕрӕсейы фыццагады тох кӕндзысты майы.

Ног хабӕртты лентӕ
0