Цхинвайлаг теннисисткӕ Кокойты Аманда рамбылдта турнир Цæгат Иры

© Из архива тренера Мириана Джиоева Цхинвайлаг теннисисткӕ Кокойты Аманда рамбылдта турнир Цæгат Иры
Цхинвайлаг теннисисткӕ Кокойты Аманда рамбылдта турнир Цæгат Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ноджы дыууӕ хуссарирыстойнаг спортсмены та райстой сӕрмагонд призтӕ

ЦХИНВАЛ, 26 фев — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссарирыстойнаг теннисисткӕ Кокойты Аманда рамбылдта Цæгат Ирыстоны ӕфсӕддон-интернационалистты номыл турнир уæлыстол теннисæй. Чызг финалы фæуæлахиз Цӕгат Иры фыццаг ракеткӕйыл, фехъусын кодта Sputnik уæлдæр спортивон дæсныйады скъолайы сæйраг тренер теннисæй Джиоты Мириан.

Ирон теннисист Бекъойты Эдвард рамбылдта дыууӕ майданы Цӕгат Кавказы ерысты

Турниры архайдтой Ирыстоны дыууӕ хайы спортсментӕ, Кӕсӕг-Балхъар ӕмӕ Ставрополы край..

"Чызджыты ʻхсӕн фыццаг бынат бацахста Кокойты Амандӕ, уый финалы рамбылдта Цӕгат Иры фыццаг ракеткӕйы, кӕцыйӕн амӕй размӕ фӕхӕрд ис Цӕгат Иры чемпионаты", - загъта Джиоты Мириан.

Уый ма радзырдта, йӕ хъомылгӕнинӕгтӕй ма ноджы дыууӕйӕ кӕй райстой ерысты сӕрмагонд призтӕ.

"Приз "Уӕлахизмӕ тырнынад" райста сахъат спортсмен Козаты Олег. Турниры иууыл чысыл спортсменкӕйы хорзӕхӕй рахицӕн кодтой нӕ теннисисткӕ, авдаздзыд Плиты Амандӕйы", - бафтыдта Джиоты Мириан.

Командӕйы бацӕттӕ кодтой Джиоты Мириан, Остъаты Лидия ӕмӕ Уалыты Ирина.

Ерыстӕ ацыдысты Цӕгат Иры Ӕрыдоны горӕты.

Ног хабӕртты лентӕ
0