Афӕдзы иууыл хуыздӕр тренер: Черчесты Станиславӕн радтой "Серебряная лань"

© Sputnik / Антон Денисов /  Ахизын медиабанкмæЧерчесты Станиславӕн радтой "Серебряная лань"
Черчесты Станиславӕн радтой Серебряная лань - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейы командӕ футболӕй Черчесты Станиславы къухдариуӕгады бын дунейы чемпионаты ӕнтыстджын архайд скодта

ЦХИНВАЛ, 28 фев — Sputnik. Уӕрӕсейы командӕйы сӕйраг тренер футболӕй Черчесты Станислав бахызт "Серебряная лань" премийы лауреатты скондмӕ, хъусын кӕны агентад Р-спорт.

"Серебряная лань" раттынц иууыл хуыздӕр тренертӕн спортивон уацхӕсджыты ӕрфарсты фӕстиуӕгӕн, кӕцы ауадзы Уӕрӕсейы спортивон журналистты федераци.

Черчесты Станислав - Sputnik Хуссар Ирыстон
Черчесты Станиславы схорзӕхджын кодтой Сыгъдӕг Георгийы Саксонон Орденӕй

Черчесты Станислав рамбылдта "Афӕдзы тренер" номинацийы, Уӕрӕсейы командӕ та ссис "Серебряная лань" хорзӕхы лауреат "Афӕдзы командӕ" номинацийы.

"Фӕнды мӕ кӕсын ныридӕгӕн размӕ. Тагъд нын уыдзӕн ӕвзарӕн хъӕзтытӕ Европӕйы чемпионатмӕ. 2018 азы уыд ӕнтыстджын ӕмӕ мӕ уырны, ахӕм ӕзтӕ нын нырма кӕй уыдзӕн", - загъта Черчесты Станислав хорзӕхкӕныны церемонийы рӕстӕджы.

Уӕрӕсейы командӕ футболӕй Черчесты Станиславы къухдариуӕгады бын дунейы чемпионаты ӕнтыстджын архайд скодта.

Ног хабӕртты лентӕ
0