"MadWave Challenge 2019": Хуссар Иры ленкгæнджытӕ стох кӕндзысты ӕппӕтуӕрӕсейон турниры

© Sputnik / Софа ИсаакянХуссар Иры ленкгæнджытӕ стох кӕндзӕн ӕппӕтуӕрӕсейон турниры
Хуссар Иры ленкгæнджытӕ стох кӕндзӕн ӕппӕтуӕрӕсейон турниры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Спортсментӕн уыдон уыдзысты сӕ ӕртыккаг ерыстӕ фӕсарӕнты, ленк кæныны спорт Хуссар Ирыстоны у бынтон ӕрыгон - секци скуыста 2016 азы

ЦХИНВАЛ, 6 мар – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ӕмбырдгонд ленк кæнынӕй хайад райсдзӕн ӕппӕтуӕрӕсейон ерысты "MadWave Challenge 2019" ӕртыккаг этапы, фехъусын кодта Sputnik федерацийы хистӕр Евгения Терлеева.

Хуссар Иры чемпионат ленк кӕнынӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры фыццаг хатт ацыд чемпионат ленк кӕнынӕй

Ӕппӕтуӕрӕсейон ерысты фӕсарӕйнаг спортсменты хайадистӕй "MadWave Challenge 2019" цӕуынц цыппар этапӕй. Ӕртыккаг этап ацӕудзӕн Мӕскуыйы областы 9-10 марты. Хуссар Иры ӕмбырдгонд фидар ӕрцыд 2005-2006 ӕмӕ 2007-2008 ӕзты гуырд спортсментӕй, йӕ сконды ис ӕдӕппӕтӕй 13 спортсмены.

"Ӕмбарӕм ӕй, призон бынӕттӕ нӕм не ʻрхаудзӕн, тынг гуырахстджын турнир у, ӕрӕмбырд кӕндзӕн 900 архайӕджы бӕрц. Уӕрӕсейы ацы спорт у тынг размӕцыд, дунейы ӕмвӕзады дӕр ын ис лидерон позици. Фӕлӕ мах хъӕуы фенын цӕмӕ хъӕуы тырнын", - загъта Евгения Терлеева.

Уый ма банысан кодта, балц арӕзт цӕуы сывӕллӕттӕн сӕ ныййарджыты хӕрдзтӕй.

"Фӕндагон хӕрдзтӕ сӕхимӕ райстой ныййарджытӕ, хъыгагӕн нын спонсорон ӕххуыс ничи сарӕзта. Йе ʻххуысы къух нӕм фӕдардта ӕрмӕстдӕр Хуссар Иры автомобилон транспорты управленийы хистӕр Дудайты Альберт, уый нӕ сифтонг кодта автобусӕй", - бафтыдта тренер.

Ленк кæныны федерацийы хистӕр Евгения Терлеева Хуссар Иры кусы дыууӕ азы бӕрц, йӕ куыстӕн йын бӕрзонд аргъ скодтой ивгъуыд аз – 2018 азы бӕрӕггӕнӕнтыл ӕнцойгӕнгӕйӕ Спорты комитет рахицӕн кодта преми "Тренер года"-йӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0