Хуссар Иры ӕрыгон боксертӕ стох кӕндзысты Минводты турниры

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры ӕрыгон боксертӕ стох кӕндзысты Минводты турниры
Хуссар Иры ӕрыгон боксертӕ стох кӕндзысты Минводты турниры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕлахиздзаутӕн скъолайы разамынад лӕвар кӕны Петербургмӕ балц ӕмӕ бынӕттон спортсментимӕ командон фембӕлд

ЦХИНВАЛ, 27 мар — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Сывӕллӕтты ӕмӕ ӕрыгон фӕсивӕды боксы скъола сфидар кодта командӕ Минводты фыццагадмӕ. Цӕгаткавказаг ерысты 11-12 азы кары лӕппутӕ 15 хъахъхъӕндзысты Хуссар Иры спортивон кад. Ӕртыццӕджы фӕндаджы размӕ лӕппутӕн ацыд кӕройнаг тренировкӕтӕ.

Боксы скъола равзӕрста тыхджындӕрты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕйгуытӕ ӕмӕ джигиттӕ: Боксы скъола равзӕрста тыхджындӕрты

Ерыстӕ нывонд сты Советон Цӕдисы хъайтар Виктор Лызарӕн. Командӕйы скондмӕ бацыдысты 2007-2008 гуырд спортсменты ʻхсӕн лидертӕ, балцӕгтӕ фӕсивӕд райстой спаррингты рӕстӕджы.

"Хорз хъуамӕ стох кӕной. Сты фӕлтӕрд ӕмӕ уӕлахизтыл ахуыр, зонынц ӕмбулын. Ацы хатт сын ныфс бавӕрдтон уӕлахиздзаутӕ майы Петербургмӕ кӕй арвитдзӕн. Уым кусы уӕрӕсейы экс-чемпион Нартыхты Руслан ӕмӕ уыимӕ бадзырдтон нӕ скъолайы фӕсивӕдӕй 20 тыхджындӕр лӕппуйы арвитын уӕрӕсейы цӕгаттаг столицӕмӕ ахуыртӕм ӕмӕ командон фембӕлдмӕ", - загъта Sputnik скъолайы директор Кокойты Мурат.

© Sputnik / Наталья АйриянБоксы скъола
Хуссар Иры ӕрыгон боксертӕ стох кӕндзысты Минводты турниры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Боксы скъола

Фӕсивӕд ерыстӕм афӕндараст уыдзысты цыппӕрӕмы райсом, тохтӕ цӕудзысты ӕртӕ боны дӕргъы – 29-ӕй 31-ӕм мартмӕ. Турниры ӕнхъӕлмӕ кӕсынц 150 боксермӕ.

"Хорз цӕттӕ сты ӕппӕт 15 лӕппуйы дӕр. Цӕмӕй ерысты уӕлахизмӕ разӕнгард уой, уый тыххӕй сын сӕ ацыды хӕдразмӕ балӕвар кодтам ног сӕрмагонд уӕлӕдарӕс дӕр", - загъта боксы скъолайы минӕвар Кокойты Ирбег.

Раразмӕгонд командӕйы цӕттӕ кӕнынц Куымӕридтаты Родион, Кокойты Мурат ӕмӕ Тедеты Алик.

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры ӕрыгон боксертӕ стох кӕндзысты Минводты турниры
Хуссар Иры ӕрыгон боксертӕ стох кӕндзысты Минводты турниры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ӕрыгон боксертӕ стох кӕндзысты Минводты турниры
Ног хабӕртты лентӕ
0