Иууыл хуыздӕр хатдзӕг: Цхинвайлаг чызг-боксер рамбылдта ерыстӕ "Юность России"

© Из архива тренера Г. ГабараеваЦхинвайлаг чызг-боксер рамбылдта ерыстӕ "Юность России"
Цхинвайлаг чызг-боксер рамбылдта ерыстӕ Юность России - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тераева Лелайы ӕнтыстӕй Хуссар Иры боксӕн фӕзынд сылгоймаджы цӕсгом, Цхинвалы секциты цы чызджытӕ цӕттӕ кӕнынц, уыдонӕй ахӕм ӕнтыст никӕй къухы ма бафтыд

ЦХИНВАЛ, 8 апр – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссарирыстойнаг чызг-боксер Терашвили Лела рамбылдта сылгоймӕгты ʻхсӕн боксӕй чемпионат "Юность России". Цхинвайлаг боксер ацы уӕлахизӕй райста балцӕг Уӕрӕсейы фыццагадмӕ, фехъусын кодта Sputnik йӕ тренер Гӕбӕраты Гамлет.

Тераева Лела у фыццаг чызг-боксер, кӕцыйы къухы бафтыд ахӕм ахадгӕ уӕлахиз Уӕрӕсейы бӕрзонд ӕмвӕзады ерысты.

"Хуссар Иры боксы секциты хъомылгӕнинӕгтӕй чызджыты хсӕн Терашвили Лелайы къухы бафтыд иууыл стырдӕр ӕнтыст. Уый ссис уӕлахиздзау 69 кг уӕзы ӕмӕ уыимӕ иумӕ райста Уӕрӕсейы фыццагады стох кӕныны бар. Финалы нӕ хъомылгӕнинаг рамбылдта бирӕ титулты хицау, спартакиадӕйы уӕлахиздзау ныхмӕлӕууӕджы. Йӕ цӕст ыл ӕрӕвӕрдтой тренертӕ ӕмӕ организатортӕ", - загъта тренер Гӕбӕраты Гамлет.

Цхинвалы фӕбӕрӕг сты республикӕйы тыхджындӕр чызг-шахматисткӕтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы фӕбӕрӕг сты республикӕйы тыхджындӕр чызг-шахматисткӕтӕ

Уый ма бафиппайдта, кӕд чызг нырма чысыл рӕстӕг цӕуы боксмӕ, уӕддӕр ӕнтыстджынӕй архайы турнирты – "ивгъуыд азы кӕрон рамбылдта Цӕгат Иры фыццагад".

Чызг-боксеры ерыстӕм финансон ӕгъдауӕй срӕвдз кодта цхинвалы цӕрӕг Тасойты Сослан. Цӕттӕ та йӕ кӕнынц спорты галуан "Олимп"-ы тренертӕ Гӕбӕраты Гамлет, Хаситы Владислав ӕмӕ Санахъоты Аслан.

Ерыстӕ ахицӕн сты 7 апрелы Ставрополы.

Ног хабӕртты лентӕ
0