Уӕлахизтӕ, нокдаунтӕ ӕмӕ балцӕгтӕ: ӕртӕ цхинвайлаг лӕппуйы рамбылдтой боксы ерыстӕ

© Из архива тренера А.ДзигоеваЦхинвайлаг лӕппутӕ рамбылдтой боксы ерыстӕ " Юность России"
Цхинвайлаг лӕппутӕ рамбылдтой боксы ерыстӕ  Юность России - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Юность России"-йы рамбылдтой Гӕджиты Гурам, Джиоты Арсен ӕмӕ Зӕгъойты Алан, фӕсивӕд ныр сӕхи рӕвдз кӕнынц Уӕрӕсейы фыццагадмӕ

ЦХИНВАЛ, 8 апр – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ӕртӕ боксер ссисты Уӕрӕсейы фыццагады архайджытӕ. Гӕджиты Гурам, Джиоты Арсен ӕмӕ Зӕгъойты Алан ӕппӕтуӕрӕсейон ерыстӕм ахызтысты "Юность России"-йы рамбулгӕйӕ, фехъусын кодта боксы тренер, спорты мастер Дзигойты Ацӕмӕз.

Фӕсивӕд ныр сӕхи рӕвдз кӕнынц Уӕрӕсейы фыццагадмӕ.

Хуссарирыстойнаг боксертӕ расгуыхтысты Минводты турниры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зӕрин ӕмӕ ӕвзист: хуссарирыстойнаг боксертӕ расгуыхтысты Минводты турниры

"Гӕджиты Гурам ӕмӕ Зӕгъойты Алан фӕйнӕ дыууӕ хыл рамбылдтой ерысты, сӕ ныхмӕ тох кодтой сӕхи регионты уӕлахиздзаутӕ. Зӕгъойты лӕппу зынгӕ уӕлидзинадимӕ фыццаг тохы ныддӕрӕн кодта мӕхъӕлы минӕвары, дыккаг ныхмӕллӕуӕг дӕр уыд ацы республикӕйӕ ӕмӕ нал рахызт тохмӕ. Мӕ хъомылгӕнинаг Гӕджиты Гурам дӕр ауагъта дыууӕ тохы, уыдонӕй фыццаг ахицӕн нокдауны фӕрцы, дыккаг тохы дӕр уыд зынгӕ тыхджындӕр", - загъта тренер.

Ӕртыккаг уӕлахиздау та ссис Джиоты Арсен, уый дӕр аннӕ дыууӕ лӕппуйы ӕмрӕнхъ уӕлахиздзауы кадӕй дарддӕр фӕхайджын ис Уӕрӕсейы фыццагадмӕ ӕмӕ сбортӕм балцӕгтӕй.

"Ацы фӕсивӕд иууылдӕр райстой хуынд Уӕрӕсейы фыццагады агъоммӕ цӕттӕгӕнӕн рӕвдзытӕм. Ахуыртӕ цӕудзысты 5-ӕй 19 маймӕ Анапайы, уый фӕстӕ та райдайдзӕн Уӕрӕсейы фыццагад. Сӕйраг у уым рамбулын, ацы ерысты нӕ минӕвӕрттӕ призерӕй бӕрзонддӕр не схызтысты ", - бафтыдта Дзигойты Ацӕмӕз.

Ӕртӕ лӕппуйы цӕттӕ кӕнынц Дзигойты Ацӕмӕз, Хаситы Владислав, Гӕбӕраты Гамлет ӕмӕ Санахъоты Аслан. Ерысты архайджытӕ уыдысты Боксы скъола ӕмӕ спорты галуан "Олимп" спортсментӕ, ерысты архайдтой Цӕгат Иры номӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0