Кубӕйаг ирон, зынархайд боксер ӕмӕ ӕнӕспортивон тох: Цхинвалы ацыд барыны церемони

© Sputnik / Фатима ПлиеваРичард ӕмӕ Сослан
Ричард ӕмӕ Сослан   - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыццӕджы изӕр Цхинвалы Ногдзауты парк ӕрфысым кодта ирон профессионалон боксерты

ЦХИНВАЛ, 10 апр – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Егъау спортивон бӕрӕгбон "Кубок Государства Алания" Цхинвалы райдыдта барыны церемонийӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы Ногдзауты парк дыццӕджы изӕры байдзаг ис ирон номдзыд боксертӕй. Развӕлгъау зын рахатӕн уыд гуырахстджын спортивон мадзал кӕй райдайдзӕн хъаугъайӕ.

Ӕхсӕнадӕмон боксы турнир "Кубок Государства Алания"-йы боксертӕ сӕ ныхмӕлӕуджытӕм ӕнхъӕлмӕгӕсгӕйӕ ныхас кодтой сӕ ӕмгӕрттимӕ, хиуӕттимӕ ӕмӕ фанаттимӕ.

Сылгоймаджы дебют

Барыны церемонимӕ фыццаг фӕхуыдтой чызг боксер Терашвили Лелайы, йӕ ныхмӕлӕууӕг нырма уыд фӕндагыл. Ӕрыгон чызгӕн турнир суыдзӕн йӕ фыццаг дебют профессионалон рингыл. Ӕртӕраундон фембӕлды уӕлахиздзауы номыл тох кӕндзӕн хъӕрӕсечеркесаг чызг Саламова Джамиляимӕ.

"Фыццаг хатт рахиздзӕн рингмӕ ӕнӕ хъахъхъæнӕн ифтонгадӕй, фӕлӕ цӕттӕ дӕн тохмӕ. Тынг ахсджиаг мын у рамбулын", - загъта Sputnik Терашвили Лела.

© Sputnik / Фатима ПлиеваТерашвили Лела
Кубӕйаг ирон, зынархайд боксер ӕмӕ ӕнӕспортивон тох: Цхинвалы ацыд барыны церемони - Sputnik Хуссар Ирыстон
Терашвили Лела

Зынархайд ныхмӕлӕууӕг

Спортивон мадзалы фидыц хонынц фӕсивӕды ʻхсӕн WBC версимӕ гӕсгӕ дунейы чемпион Тедеты Сосланы тох. Лӕппу хъахъхъӕндзӕн Хуссар Иры спортивон кад.

"Мӕ ныхмӕлӕууӕг у узбек, йӕ тохтӕ йын ахуыр кодтон. Зынархайд боксер у, галиу къухӕй архайы хорз, уымӕ гӕсгӕ ӕнцон нӕ уыдзӕн рамбулын. Иуӕй хӕдзары ӕнцондӕр у тох кӕнын, иннӕмӕй та тыхсын  - залы уыдзысты ӕввахс адӕм, хиуӕттӕ", - загъта Тедеты Сослан.

Гомӕй ӕви дарӕсы

Барыны церемонимӕ иугай-дыгай згъордтой боксертӕ. Ирон спортсментӕ ӕхсӕнады раз сӕ дарӕс феппарынӕй ӕфсӕрмы кодтой, ӕрцӕугӕтӕ ӕрмӕст цыбыркъах хӕлӕфты хызтысты барӕнмӕ. Ирон ӕфсӕрмы ӕгъдаумӕ бамбал ис "кубайаг ирон" - афтӕ боксуарзджытӕ схуыдтой кубӕйаг боксеры, кӕцы дӕргъвӕтин рӕстӕг цӕттӕ кӕны клуб Арианайы.

© Sputnik / Фатима Плиева "Кубок Государства Алания" -йы барыны церемони
Кубӕйаг ирон, зынархайд боксер ӕмӕ ӕнӕспортивон тох: Цхинвалы ацыд барыны церемони - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Кубок Государства Алания" -йы барыны церемони

Тох рингы размӕ

Организатортӕ уӕлдай цымыдисон цы тох хуыдтой, уый архайджытӕ - Битеты Ричард ӕмӕ Чилӕхсаты Таир - барыны церемонийӕ цалдӕр сахат раздӕр уыдысты бынаты. Фӕлӕ цӕмӕдӕр гӕсгӕ мадзалы амонӕг ферох кодта, уыдон барынмӕ фӕхонын. Фӕлӕ чысыл фӕстӕ къуыхцы рараст кодтой. Фыццаг барынмӕ фӕхуыдтой Битеты Ричарды, йӕ фӕстӕ та Чилӕхсаты Таиры, фыццаг барыны фӕстӕ сценайӕ фӕтары, уымӕ гӕсгӕ традицион цӕстӕнгасы ныхмӕлӕуд нӕ уыд.

© Sputnik / Фатима ПлиеваЧилӕхсаты Таир
Кубӕйаг ирон, зынархайд боксер ӕмӕ ӕнӕспортивон тох: Цхинвалы ацыд барыны церемони - Sputnik Хуссар Ирыстон
Чилӕхсаты Таир

Цалдӕр сахаты фӕстӕ Цхинвалы айхъуыст дыууӕ боксер сӕ ахастытӕ кӕй равзӕрстой хӕцӕнгазы руаджы, уый хыгъд Чилӕхсаты Таир бахауд рынчындонмӕ, Битеты Ричарды та агурынц барадхъахъхъӕнӕг органтӕ. Ӕвӕццӕгӕн, Цхинвалы турнир абон ацӕудзӕн ӕнӕ "сыгъдӕг цхинвайлаг тохӕй".

Ӕхсӕнадӕмон турнир боксӕй "Кубок Государства Алания" аразы боксерон клуб "Ариана" ӕмӕ РХИ ӕмӕ УФ боксы федерацитӕ президент Бибылты Анатолийы ӕмархайдӕй. Спортивон мадзал ацӕудзӕн спорты галуан "Олимп"-ы 10 апрелы 18:00 сахатыл. Рингмӕ рахиздзысты зындгонд ирон боксертӕ Тедеты Сослан, Хуыгаты Алан, Моурауты Хетӕг, Тыбылты Александр, Байты Сослан, Тадтаты Сӕрмӕт ӕмӕ ӕндӕртӕ, стӕй ма фӕсарӕйнаг боксертӕ дӕр.

© Sputnik / Фатима Плиева "Кубок Государства Алания" -йы барыны церемони
 Кубок Государства Алания -йы барыны церемони - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/4
"Кубок Государства Алания" -йы барыны церемони
© Sputnik / Фатима Плиева "Кубок Государства Алания" -йы барыны церемони
 Кубок Государства Алания -йы барыны церемони - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/4
"Кубок Государства Алания" -йы барыны церемони
© Sputnik / Фатима Плиева "Кубок Государства Алания" -йы барыны церемони
 Кубок Государства Алания -йы барыны церемони - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/4
"Кубок Государства Алания" -йы барыны церемони
© Sputnik / Фатима Плиева "Кубок Государства Алания" -йы барыны церемони
 Кубок Государства Алания -йы барыны церемони - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/4
"Кубок Государства Алания" -йы барыны церемони
1/4
"Кубок Государства Алания" -йы барыны церемони
2/4
"Кубок Государства Алания" -йы барыны церемони
3/4
"Кубок Государства Алания" -йы барыны церемони
4/4
"Кубок Государства Алания" -йы барыны церемони
Ног хабӕртты лентӕ
0