Апсны ӕмӕ Хуссар Ир: Цхинвалы райдыдта боксерты хӕларадон матч

© Sputnik / Фатима ПлиеваАпсны ӕмӕ Хуссар Ир: Цхинвалы райдыдта боксерты хӕларадон матч
Апсны ӕмӕ Хуссар Ир: Цхинвалы райдыдта боксерты хӕларадон матч - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Рингыл сӕ тыхтӕ ӕвзарынц боксерты 13 къай

ЦХИНВАЛ, 11 апр – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ир ӕмӕ Абхазы ӕрыгон боксерты ʻхсӕн матчон фембӕлд райдыдта Цхинвалы спорты галуан "Олимп"-ы. Дыууӕ республикӕйы командӕтӕ ӕзарынц сӕ тыхтӕ рингыл.

Ерысты райдайӕны боксерты фæндагфæдзæхст кодтой тренертӕ, дипломаттӕ ӕмӕ политиктӕ. Хуссар Ирыстоны боксы федерацийы президент арфӕтӕй дарддӕр радзырдта ӕмдзӕвгӕ, афтӕ ма йӕ хъарм ахастыл Абхазы республикамӕ.

"Тынг ӕхсызгон мын у ахӕм матчон фембӕлдтӕ кӕй райдыдтам уадзын. Мӕхӕдӕг ма чысыл куы уыдтӕн, уӕд цыдысты ӕдзух. Иууыл тынгдӕр уарзтон ахӕм тохтӕм цӕуын Абхазмӕ, уым у дзӕнӕттаг бынат. Арфӕ уын кӕнын абон ерысты фӕдыл. Рамбулӕт тыхджындӕр!", - загъта Уалыты Альберт.

© Sputnik / Фатима ПлиеваФыццаг тохы фембӕлдысты Къӕбысты Георгий ӕмӕ Мартиросян Руслан
Апсны ӕмӕ Хуссар Ир: Цхинвалы райдыдта боксерты хӕларадон матч - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фыццаг тохы фембӕлдысты Къӕбысты Георгий ӕмӕ Мартиросян Руслан

Абхазы республикӕйы профессионалон боксы федерацийы президент Альберт Карди оглы та бузныджы ныхӕстӕ загъта фысымтӕн сӕ хъарм ахасты тыххӕй.

"Хаситы Владиславы ӕмархайдӕй абон стӕм ам, бузныг, кӕй сразы сты Хуссар Иры нӕ хъӕппӕрисыл хӕларадон фембӕлд ауадзыны тыххӕй.Спортивон амонд ӕмӕ тыхтӕ зӕгъы мӕ зӕрдӕ архайджытӕн, уадз ӕмӕ фембӕлдтӕ ахицӕн ой ӕнӕ уӕззау цӕфтӕй", - загъта Альберт Карди оглы.

"Хӕларадон" бокс: Хуссар Ир ӕмӕ Абхазы спортсментӕ стох кӕндзысты Цхинвалы

Официалон хаййы фӕстӕ рингмӕ рахызтысты сӕйраг хъайтартӕ. Фыццаг тохы фембӕлдысты Къӕбысты Георгий ӕмӕ Мартиросян Руслан. Хуссар Иры минӕвар разынд тыхджындӕр ацы фембӕлды. Дыууӕ радон тохы хуыздӕр уыдысты уазджытӕ Даразилия Давид ӕмӕ Абгаджава Леон. Уый фӕстӕ та уӕлахиздзауы ном байстой бынӕттонтӕ - ӕфсымӕрон республикӕйы минӕвар Эренян Сергейы ныддӕрӕн кодта бынӕттон боксер Ян Яралов.

Ӕмткӕй тохты архайынц 13 къайы.

Сӕхи фембӕлдты агъоммӕ ӕрыгон фӕлтӕр федтой ӕхсӕнадӕмон турнир "Кубок Государства Алания"-йы профессионалон тохтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0