"Фыдуаг " уазджытӕ: Цхинвал ӕмӕ Майскийы боксерты матчон фембӕлд ахицӕн ӕмдыхӕй

© Из архива тренера Владислава ХаситыЦхинвал ӕмӕ Майскийы боксерты матчон фембӕлд ахицӕн ӕмдыхӕй
Цхинвал ӕмӕ Майскийы боксерты матчон фембӕлд ахицӕн ӕмдыхӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвайлаг лӕппутӕ фарастӕй уазӕгуаты ныддӕрӕн кодтой фысымты

ЦХИНВАЛ, 22 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны спорты галуан "Олимп"-ы боксы секцийы ӕмӕ Кӕсӕг –Балхъары горӕт Майскийы командӕты матчон фембӕлд ахицӕн ис ӕмдыхӕй. Нӕ командӕйӕ фараст лӕппу ӕрыздӕхтысты уӕлахиздзаутӕй, фехъусын кодта Sputnik боксы секцийы хистӕр тренер Хаситы Владислав.

Матчон фембӕлды архайдтой 18 боксеры Хуссар Ирӕй, уыдонӕн сӕ фылдӕр уыдысты ӕвӕлтӕрд лӕппутӕ.

"Нӕ командӕйы сконды бирӕ уыд ӕвӕлтӕрд боксертӕ, сӕ фылдӕр сын акодтам фыццаг хатт ерыстӕм. Ӕмбулгӕ нӕ ракодтой, фӕлӕ сӕ фӕлтӕрддзинад ӕнӕмӕнг хъӕуы. Ӕдзух цы фӕсивӕд ӕмбулы, уыдон та ам дӕр равдыстой хорз тохтӕ. Иууыл цымыдисон уыд Ӕлборты Сосланы фембӕлд", - загъта Хаситы Владислав.

Ричард ӕмӕ Сослан   - Sputnik Хуссар Ирыстон
Кубӕйаг ирон, зынархайд боксер ӕмӕ ӕнӕспортивон тох: Цхинвалы ацыд барыны церемони

Уый ма банысан кодта, дыууӕ командӕйы фембӕлд ахицӕн ис ӕмдыхӕй, фарастӕй рамбылтой, аннӕ фараст разындысты лӕмӕгъдӕр.

Фӕсивӕды цӕттӕ кӕнынц тренертӕ: Хаситы Владислав, Гӕбӕраты Гамлет ӕмӕ Санахъоты Аслан. Ерыстӕм ацыдысты Паддзахадон хъахъхъӕнынады службӕйы разамонӕг Бибылты Ацӕмӕзы ӕмархайдӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0