Спорты мастермӕ фӕндаг: цхинвайлаг боксертӕ стох кӕндзысты ӕппӕтуӕрӕсейон турниры

© Из архива тренера Владислава ХаситыТыбылты Тамерлан ӕмӕ Ӕлборты Алан стох кӕндзысты ӕппӕтуӕрӕсейон турниры
Тыбылты Тамерлан ӕмӕ Ӕлборты Алан стох кӕндзысты ӕппӕтуӕрӕсейон турниры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тыбылты Тамерлан ӕмӕ Ӕлборты Алан сты спорты мастермӕ кандидаттӕ, ацы турнир сын фадат дӕтты бӕрзонддӕр статус райсынӕн

ЦХИНВАЛ, 22 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы спорты галуан "Олимп"-ы боксы секцийы дыууӕ хъомылгӕнинаг Тыбылты Тамерлан ӕмӕ Ӕлборты Алан стох кӕндзысты ӕппӕтуӕрӕсейон турниры, фехъусын кодта Sputnik боксы секцийы хистӕр тренер Хаситы Владислав.

Цхинвал ӕмӕ Майскийы боксерты матчон фембӕлд ахицӕн ӕмдыхӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Фыдуаг " уазджытӕ: Цхинвал ӕмӕ Майскийы боксерты матчон фембӕлд ахицӕн ӕмдыхӕй

Ӕппӕтуӕрӕсейон боксы турнир нывонд у профессионалты ʻхсӕн IBF ӕмӕ WBC верситӕм гӕсгӕ чемпион Ахмат Доттуевӕн. Уӕлахиздзауты статусӕй дарддӕр райсдзысты боксы спорты мастеры нӕмттӕ.

"Дыууӕ лӕппу дӕр сты спорты мастермӕ кандидаттӕ. Сӕ фӕмбӕлдтӕ рамбулгӕйӕ, уыдон уӕлахиздзауӕй дарддӕр райсдзыты спорты мастеры нӕмттӕ. Ӕлборты Алан тох кӕны 91 кг уӕзы, Тыбылты Тамерлан та 69 кг уӕзы", - загъта сӕ тренер.

Лӕппутӕ тохы бацӕудзысты 23 апрелы.

Фӕсивӕды цӕттӕ кӕнынц спорты галуан "Олимп"-ы тренертӕ Хаситы Владислав, Гӕбӕраты Гамлет ӕмӕ Санахъоты Асланы къухдариуӕгады бын.

Ног хабӕртты лентӕ
0