Цхинвайлаг богалтӕ стох кӕндзысты Уӕрӕсейы фыццагады

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвайлаг богалтӕ стох кӕндзысты Уӕрӕсейы фыццагады
Цхинвайлаг богалтӕ стох кӕндзысты Уӕрӕсейы фыццагады - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зассеты Арсӕмӕг ӕмӕ Бестауты Андрей тох кӕндзысты уӕлахиздзауы нӕмттыл, стӕй ма дунейон ӕмӕ европӕйаг ерыстӕм балцӕгтыл

ЦХИНВАЛ, 23 апр — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕсты ӕмбырдгонды сконды стох кӕндзысты дыууӕ цхинвайлаг богалы Уӕрӕсейы фыццагады, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады сайт.

© Sputnik / Наталья АйриянЗассеты Арсӕмӕг
Цхинвайлаг богалтӕ стох кӕндзысты Уӕрӕсейы фыццагады - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зассеты Арсӕмӕг

Ерысты Хуссар Ирӕй архайдзӕн Зассеты Арсӕмӕг ӕмӕ Бестауты Андрей.

"Ӕмткӕй Цӕгат Ирыстоны ӕмбырдгонды сконды ис 19 богалы, уыдон тох кӕндзысты 7 уӕзы категорийы. Иууыл стырдӕр уӕз – 110 килограммы Ирыстоны спортивон кад хъахъхъӕндзысты ӕртӕ лӕппу, се хсӕн тренер Коцты Тамерланы хъомылгӕнинӕгтӕ - Зассеты Арсӕмӕг ӕмӕ Бестауты Андрей", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Уӕрӕсейы фыццагад райдыдта Иркутскы, 23 апрелы. Турнир ӕрӕмбырд кодта 2002-2003 ӕзты гуырд тыхджындӕр богалты. Тохтӕ цӕудзысты уӕлахиздзауы нӕмттыл ӕмӕ дунейон ӕмӕ европӕйаг ерыстӕм балцӕгтыл.

Ерыстӕ балхынцъ уыдзысты 25 апрелы.

© Sputnik / Наталья АйриянБестауты Андрей
Цхинвайлаг богалтӕ стох кӕндзысты Уӕрӕсейы фыццагады - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бестауты Андрей
Ног хабӕртты лентӕ
0