Хуссар Иры ӕмбырдгонд ленк кæнынӕй хайад райсдзӕн турниры фӕсарӕнты

© Sputnik / Софа ИсаакянХуссар Иры ӕмбырдгонд ленк кæнынӕй хайад райсдзӕн турниры фӕсарӕнты
Хуссар Иры ӕмбырдгонд ленк кæнынӕй хайад райсдзӕн турниры фӕсарӕнты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ерыстӕ нывонд сты РХИ ленк кæныны федерацийы хистӕр Евгения Терлеевайы тренерӕн

ЦХИНВАЛ, 6 май - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ӕмбырдгонд ленк кæнынӕй хайад райсдзӕн Уӕрӕсейы сгуыхт тренер Боташева Татьянӕйы номарӕн турниры Ставрополы , хъусын кӕны Спорты галуан "Олимп".

Ерыстӕ цӕудзысты Ставрополы крайы горӕт Невинномысскы 15 ӕмӕ 16 майы.

"Уый у мӕ райгуырӕн горӕт, мӕхи бассейн ӕмӕ мӕхи тренер, кӕцыйы рухс номӕн нывонд сты ерыстӕ. Уымӕ гӕсгӕ мӕхӕдӕг уӕлдай бӕрндзинадимӕ цӕуын ацы балцы", - хъусын кӕны уагдон РХИ ленк кæныны федерацийы хистӕр Евгения Терлеевайы ныхӕстӕ.

Цхинвалы ацӕудзысты ерыстӕ ленк кӕнынӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы ацӕудзысты ерыстӕ ленк кӕнынӕй

Ӕмбырдгонд ӕрӕджы ӕрыздӕхт ӕппӕтуӕрӕсейон ерыстӕ "MadWave Challenge 2019"-ы æлхынцъгæнæн этапӕй. Майы кӕрон Ленк кæныны федераци ӕрфысым кӕндзӕн Хуссар Ирыстоны президенты призтыл турниры архайджыты.

Ленк кæныны федерацийы хистӕр Евгения Терлеева Хуссар Иры кусы дыууӕ азы бӕрц, йӕ куыстӕн йын бӕрзонд аргъ скодтой ивгъуыд аз – 2018 азы бӕрӕггӕнӕнтыл ӕнцойгӕнгӕйӕ Спорты комитет уый рахицӕн кодта преми "Тренер года"-йӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0