Хуссар Ир хоны теннисы æхсæнадæмон турнирмæ

© Sputnik / Рамиль Ситдиков /  Ахизын медиабанкмæХуссар Ир хоны теннисы æхсæнадæмон турнирмæ
Хуссар Ир хоны теннисы æхсæнадæмон турнирмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалмæ турнирмæ фæуазæг уыдзысты стъолы теннисы спорты Цæгат Кавказы хуыздæр минæвæрттæ, се ʻхсæн Европæ æмæ Уæрæсейы чемпионтæ

ЦХИНВАЛ, 31 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны стъолы теннисы федераци хоны спортсменты IV æхсæнадæмон турниры хайадистмæ. Спортивон мадзал Цхинвалмæ æрæмбырд кæндзæн Цæгат Кавказы хуыздæр теннисистты, фехъусын кодта Sputnik уæлдæр спортивон дæсниады скъолайы сæйраг тренер Джиоты Мириан.

Хуссар Иры сæйраг нысаниуæгджын датæтæй иу – Хæдбардзинады бонæн (29 май) нывонд мадзал цæудзæн дыууæ боны дæргъы – 1-2 июны Цхинвалы спорты галуан "Олимпы".

"Махмæ æрцæудзысты спортсментæ Краснодары æмæ Ставрополы крайтæй, республикæтæ Дагестан, Кæсæг-Балхъар æмæ Цæгат Ирыстонæй", - загъта Джиоты Мириан.

Теннисист Бекъойты Эдуард  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссарирыстойнаг теннисист рамбылдта æппæтуæрæсейон турнир

Уый ма радзырдта, турниры æнтыстджындæр спортсменты кæй рабæрæг кæндзысты цалдæр категорийы.

"Турнир сæйраг уæлахиздзау æмæ призертæй дарддæр, 50 азы карæй уæлæмæ спортсментæн цыт кæндзыстæм хицæнæй. Ерысты ма уыдзæн къайон тохтæ дæр, уым дæр фæбæрæг уыдзысты хуыздæр хъазджытæ", - бафтыдта уый.

Хæдбардзинады бонæн нывонд IV æхсæнадæмон турнир аразы Стъолы теннисы федераци, æмæ Спорты комитет, Президенты администрацийы æххуысæй æмæ Спорты галуан "Олимп"-ы æмархайдæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0