Цæгаткавказаг теннисисттæ сæ тыхтæ бавзæрстой турниры Цхинвалы

© Из архива тренера М. ДжиоеваФæндзай теннисисты сæ тыхтæ бавзæрстой æхсæнадæмон турниры Цхинвалы
Фæндзай теннисисты сæ тыхтæ бавзæрстой æхсæнадæмон турниры Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бынæттон спортсментæй ерысты расгуыхтысты Бекъойты Эдвард, Кокойты Аманда, Уалыты Ирина, Джиголаты Аланæ æмæ Тедеты Иосиф

ЦХИНВАЛ, 3 июн — Sputnik, Плиты Фатимæ. Фæндзай цæгаткавказаг теннисисты сæ тыхтæ бавзæрстой Хуссар Ирыстоны хæдбардзинадæн нывонд æхсæзæм æхсæнадæмон турниры Цхинвалы. Ерысты тох кодтой бынæттон æмæ уазæг спортсментæ.

© Фото из архива тренера М. ДжиоеваБекъойты Эдвард къайон ерысты бацахста фыццаг бынат, карджын спортсменты хсæн та уыд æртыккаг призер
Цæгаткавказаг теннисисттæ сæ тыхтæ бавзæрстой турниры Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бекъойты Эдвард къайон ерысты бацахста фыццаг бынат, карджын спортсменты хсæн та уыд æртыккаг призер

Турнир цыд дыууæ боны дæргъы Цхинвалы спорты галуан "Олимп"-ы, йæ хатдзæгтæм гæсгæ фæбæрæг сты уæлахиздзаутæ хисæрмагонд фыццагады æмæ къайон ерысты.

Турниры тох кодтой спортсментæ Краснодары æмæ Ставрополы крайтæй, республикæтæ Дагестан, Кæсæг-Балхъар æмæ Цæгат Ирыстонæй.

Ирон теннисист Бекъойты Эдвард рамбылдта дыууӕ майданы Цӕгат Кавказы ерысты

"Хисæрмагонд ерысты уæлахиздзау ссис Кривошеев Вячеслав Краснодары крайæ, дыккаг æмæ æртыккаг бынæттыл уыдысты ставрополаг спортсментæ Чимбарцев Владислав æмæ Украинский Иван", - загъта Sputnik уæлдæр спортивон дæсниады скъолайы сæйраг тренер Джиоты Мириан.

Бынæттон спортсментæй ерысты расгуыхтысты Бекъойты Эдвард, Кокойты Аманда, Уалыты Ирина, Джиголаты Аланæ æмæ Тедеты Иосиф.

"Бекъойты Эдвард къайон ерысты бацахста фыццаг бынат, карджын спортсменты хсæн та уыд æртыккаг призер. Хæццæ къæйтты Уалыты Ирина йæ æмтохгæнæгимæ уыдысты фыццæгтæ. Призерты нымæцы ма уыдысты Джиголаты Аланæ, Кокойты Аманда æмæ Тедеты Иосиф", - бафтыдта тренер.

Хæдбардзинады бонæн нывонд IV æхсæнадæмон турнир сарæзта Стъолы теннисы федераци æмæ Спорты комитет, Президенты администрацийы æххуысæй æмæ Спорты галуан "Олимп"-ы æмархайдæй.

© Фото из архива тренера М. ДжиоеваБекъойты Эдвард къайон ерысты бацахста фыццаг бынат, карджын спортсменты хсæн та уыд æртыккаг призер
Цæгаткавказаг теннисисттæ сæ тыхтæ бавзæрстой турниры Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бекъойты Эдвард къайон ерысты бацахста фыццаг бынат, карджын спортсменты хсæн та уыд æртыккаг призер
Ног хабӕртты лентӕ
0