Цхинвайлаг чызг-боксер рамбылдта турнир "Юность России" Дзӕуджыхъӕуы

© Sputnik / Наталья АйриянЛейла Терашвили
Лейла Терашвили - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Терашвили Лела хъахъхъӕдта боксерон клуб "Боец"-ы спортивон кад, йӕ ныхмӕлӕууӕг –Къусаты Милена та архайдта клуб "Патриот"-æй

ЦХИНВАЛ, 17 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссарирыстойнаг чызг-боксер Терашвили Лела рамбылта йӕ тох матчон фембӕлды фӕлгӕтты турнир "Юность России"-йы. Ӕртӕраундон фембӕлды нӕ спортсменкӕ уыд йӕ ныхмӕлӕууӕгӕй тыхджындӕр, фехъусын кодта Sputnik йӕ тренер Гӕбӕраты Гамлет.

Терашвили Лела хъахъхъӕдта боксерон клуб "Боец"-ы спортивон кад, йӕ ныхмӕлӕууӕг – Къусаты Милена та архайдта клуб "Патриот"-æй.

"Фыццаг раунды чысыл фæтыхст æмæ тох ацыд æмдыхæй, фæлæ дыккаг æмæ фæстаг раунды уый райдыдта размæ бырсын æмæ уыд йæ ныхмæлæууæгæй зынгæ тыхджындæр, уый хыгъд ссис уæлахиздзау", - загъта Гæбæраты Гамлет.

Спортсменкӕ ссис уӕлахидзау 69 кг уӕзы.

Амӕй размӕ ма Терашвили рамбылдта сыгъзрин майдан Цӕгат Ирыстоны фыццагады, уый фӕстӕ та турнир "Юность России" Ставрополы.

Чызджы Хуссар Иры ӕддейӕ цӕттӕ кӕнынц баиугонд "Юность России"-йы сӕйраг тренер Плиты Роберт ӕмӕ боксы тренер Козаты Таймураз. Цхинвалы Терашвили Лелаимӕ кусы Гӕбӕраты Гамлет.

Ног хабӕртты лентӕ
0