Ирон пауэрлифтер сæвæрдта рекорд Æппæтуæрæсейаг турниры

© пресс-служба Минспорта РСО-АланияИрон пауэрлифтертæ ссисты Æппæтуæрæсейаг турниры уæлахиздзаутæ
Ирон пауэрлифтертæ  ссисты Æппæтуæрæсейаг турниры уæлахиздзаутæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æппæтуæрæсейаг дæсныты турнир "Хуры кубок" цыд Ставрополы

ЦХИНВАЛ, 19 июн - Sputnik. Цæгат Ирыстоны спортсментæ æнтыстджынæй бацархайдтой WRPF нымадæй Æппæтуæрæсейаг дæсныты турнир "Хуры кубок"-ы пауэрлифтингæй, хъусын кæны 15 регион.

"Дреты Азæмæт (75 кг) ссис абсолютон чемпион бицепсыл схæсты æмæ сæвæрдта Уæрæсейы, Европæйы æмæ дунейы ног рекорд — 71 кг", - дзырдæуы хъусинаджы.

Уымæй дарддæр ма Рамиль Ельджаров (90 кг) та рамбылдта дыууæ сыгъзæрин майданы — адæмон жимы æмæ бицепсыл схæсты. Хъодзаты Янæ (78 кг) рамбылдта хуысгæйæ жимы æмæ адæмон жимы.

Æппæтуæрæсейаг дæсныты турнир "Хуры кубок" цыд Ставрополы.

Ног хабӕртты лентӕ
0