Æхсæз сыгъзæрин æмæ дыууæ æвзист: цхинвайлаг боксертӕ рамбылдтой Сочийы турнир

© Sputnik / Из архива тренера И. КокоеваÆхсæз сыгъзæрин æмæ дыууæ æвзист: цхинвайлаг боксертӕ рамбылдтой Сочийы турнир
Æхсæз сыгъзæрин æмæ дыууæ æвзист: цхинвайлаг боксертӕ рамбылдтой Сочийы турнир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕхсӕнадӕмон ерыстæ æрæмбырд кодтой 350 боксеры Сомихстон, Абхаз, Хуссар Ир æмæ Цæгат Кавказæй

ЦХИНВАЛ, 25 июн — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Сывӕллӕтты ӕмӕ ӕрыгон фӕсивӕды боксы скъолайы минӕвӕрттӕ æхсæзæй рамбылдтой æхсӕнадӕмон ерыстæ Сочийы, дыууæйæ та райстой æвзсит майдантæ, фехъусын кодта Sputnik боксы сколайы директор, спорты мастер Кокойты Мурæт.

Æдæппæтæй турниры архайдтой дæс лæппуйы Цхинвалæй, уыдон турниры бонты æмрæстæджы улæфыдысты Сау денджызы былгæрон.

"Ӕхсæз лæппуйæ ссисты уæлахиздзаутæ Гоциты Артур, Кокойты Лев, Гатыгкоты Аслан, Тъераты Сæрмæт, Цхуырбаты Арсен æмæ Бабаты Станислав. Фыццаг къæпхæнмæ не ʻсхызт, фæлæ уæлахиздзаутæй къаддæр нæ уыд Букъулты Арсен, уый финалы уыд уæлахиздзауимæ æмсæр, иу æвзист ма ноджы райста Дзæгъиаты Ӕхсар дæр", - загъта Кокойты Мурæт.

"Хӕларадон" бокс: Хуссар Ир ӕмӕ Абхазы спортсментӕ стох кӕндзысты Цхинвалы

Ерыстæ балхынць сты 29 июны Сочийы.

Гом ерысты мидæг уыд æртæ турниры. Хуссар Иры командæ тох кодта Советон цæдисы хъайтар Мартирос Нагулянæн нывонд турниры. Нæ командæйы сконды уыдысты 2007-2008 æзты гуырд фæсивæд.

Командæйы ерыстæм акодтой тренертæ Кокойты Мурæт, Тедеты Александр æмæ Куымæриттаты Родион.

Ног хабӕртты лентӕ
0