Ирон хъӕбысӕйхӕцджытӕ рамбылдтой 11 хорзӕхы Уӕрӕсейы чемпионаты

© Пресс-служба Минспорта РСО-АланияИрон хъӕбысӕйхӕцджытӕ рамбылдтой 11 хорзӕхы Уӕрӕсейы чемпионаты
Ирон хъӕбысӕйхӕцджытӕ рамбылдтой 11 хорзӕхы Уӕрӕсейы чемпионаты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцджытӕ ногӕй равдыстой сӕ курдиат ӕмӕ рамбылдтой 11 хорзӕхы Уӕрӕсейы чемпионаты

ЦХИНВАЛ, 8 июл — Sputnik. Ирыстоны командӕ ӕнтыстджын архайд скодта Сочийы уагъд цӕуӕг Уӕрӕсейы чемпионаты уӕгъдибар хъӕбысхӕйстӕй ӕмӕ рамбылдта 11 хорзӕхы, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службӕ.

Цыппор богалы Ирыстонæй стох кæндзысты Уæрæсейы чемпионаты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цыппор богалы Ирыстонæй стох кæндзысты Уæрæсейы чемпионаты

Фыццаг бынӕттыл ацыдысты Байты Дауыт, Найфонты Артур, Байцаты Владислав, Хуыгаты Алан.

Ӕвзист майдантӕ рамбылдтой Цӕболты Хетик, Санахъоты Ацӕмӕз ӕмӕ Уалыты Владислав.

Бронзӕйы майданты хицӕуттӕ та баисты Уалыты Чермен, Хуыбежты Кахабер, Цӕкулаты Батырбег ӕмӕ Гогаты Георгий.

Ног хабӕртты лентӕ
0