Цхинвайлаг богал стох кæндзæн дунейы фыццагады

© Sputnik / Наталья АйриянХъæбысхæсты секци
Хъæбысхæсты секци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дунейон ерыстæм балцæг Зассеты Арсæмæг райста Уæрæсейы фыццагады, уым 110 кг уæзы финалы тох кодтой дыууæ цхинвайлаг богалы

ЦХИНВАЛ, 11 июл — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны хъæбысхæсты секцийы хъомылгæнинаг, Уæрæсейы фыццагады уæлахиздзау Зассеты Арсæмæг стох кæндзæн дунейы фыццагады Болгарийы, фехъусын кодта Sputnik йæ тренер Коцты Тамерлан.

Ирон хъӕбысӕйхӕцджытӕ рамбылдтой 11 хорзӕхы Уӕрӕсейы чемпионаты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон хъӕбысӕйхӕцджытӕ рамбылдтой 11 хорзӕхы Уӕрӕсейы чемпионаты

"Дунейон ерыстæ цæудзысты Болгарийы 28 июлы. Мæ хъомылгæнинаг уый агъоммæ рацæудзæн дыууæкъуырийон ахуыртæ Сочийы уæрæсейаг æрыгон æмбырдгондимæ. Арсæмæг тох кæндзæн 110 кг уæзы", - загъта тренер.

Зассеты Арсæмæг æмæ Коцты Тамерланы аннæ дыууæ хъомылгæнинаг - Бестауты Андрей æмæ Дзæгъиаты Сосланæн ацы аз уыд æнтыстджын - фæсивæд расгуыхтысты Уæрæсейы фыццагады æмæ райстой балцæгтæ Европæ æмæ дунейон ерыстæм. Бестауты Андрей йе ʻнтыст сфæлхатт кодта европæйаг ерысты дæр.

Дзæгъиаты Сосланæн европæйаг ерысты архайыны фадат нæ уыд, ерысты фысым бæстæ - Польшæ лæппуæн визæ нæ радта.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0